филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:47 четверг, 25 апреля 2024
25 ноября 2020, 12:15
Битарты Вячеслав фембæлдис схиармандрит Илийымæ

Бæлвырд дзырдтой Аланийыл саргъауыны 1100 азы кадæн цы мадзæлттæ араздзысты, уыдоныл

Битарты Вячеслав фембæлдис дины куыстгæнæг, Мæскуы æмæ æппæт Уырысы патриарх Кириллы фæдзæхст лæг Илийымæ. Бæлвырд дзырдтой Аланийыл саргъауыны 1100 азы кадæн цы мадзæлттæ араздзысты, уыдоныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, нæ бæстæйы президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ, бæрæгбон кадджын уавæры сбæрæг кæндзысты 2022 азы. Республикæйы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй йæ уырны, уыцы мадзæлттæ Ирыстоны бирæнацион адæмы фидардзинадæн ахъаз кæй фæуыдзысты, уый. Уымæй уæлдай дзырдтой сыгъдæг хъизæмаргæнæг Хæстон Иоанны аргъуаны арæзтадыл. Уый уыдзæнис Намысы Аллеяйы æфсымæрон ингæны раз. Бæстыхайы ныртæккæ цæуынц аивгæнæн куыстытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – 2010 азы схиармандрит Илия дур сæвæрдта аргъуаны арæзтады бындуры. Уазæг бабæрæг кодта Хæстон Иоанны аргъуан æмæ дзы бакуывта Ирыстоны сабырдзинад æмæ æдасдзинадыд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania