филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:40 вторник, 23 апреля 2024
10 декабря 2019, 17:00
Битарты Вячеслав кусæг балцы фембæлд Севастополы Губернаторы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Михаилом Развожаевимæ

Дыууæ субъекты разамонæджы æрныхас кодтой регионты хсæн рæзты фарстатыл

Севастопольмæ кусæг балцы рæстæг Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Севастополы Губернаторы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Михаилом Развожаевимæ.

Дыууæ субъекты разамонæджы æрныхас кодтой регионты хсæн рæзты фарстатыл. Бадзырд бафыстой 2016-æм азы, базарадон-экономикон, наукон-техникон, социалон æмæ культурон æмгуыстады фæдыл. Хицæн ныхасы аккаг уыд – Севастополы Советон Цæдисы хъæбатыр, фыццаг ранджы капитан Хъесаты Астаны номыл сквер байгом кæныныл. Михаил Развожаев куыд загъта, афтæмæй ацы цау банымайæн ис æнтыстджын къахдзæфыл Севастополы æмæ Цæгат Ирыстоны хсæн хæлар ахастдзинæдтæ парахат кæныны хъуыддаджы.

Зæрдæ дарæн ис, 3 азы размæ цы бадзырд бафыстам, уымæн йæ алы хъуыддаг дæр æххæстгонд кæй æрцæудзæн, ууыл. Нæ республикæйы цæрджыты номæй уын кæнын стыр арфæ, нæ кадджын æмзæххоны ном нын афтæ кæй хъахъхъæнут, уый тыххæй, загъта Битарты Вячеслав. Ныридæгæн Севастополы Хъесаты Астаны ном хæссынц скъола æмæ уынг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы кадæн та ма йæ ном лæвæрд æрцыд скверæн. Республикæйы разамонæг ма куыд загъта, афтæмæй Севастополы Губернаторы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Михаил Развожаев нæ республикæмæ стыр æргом здæхта, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Министры хæдивæг куы уыди, уæд дæр. Ныртæккæ та хъæрмуд ахастдзинæдтæ гуырынц Уæрæсейы дыууæ регионы хсæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania