филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:11 четверг, 25 апреля 2024
02 июля 2020, 15:53
Битарты Вячеслав кусæг фембæлд уыд Хидирты Батразимæ

Республикæйы сæргълæууæг ын бабар кодта, уавæрмæ цæст дарын æмæ æххуыс кæнын чысыл æмæ астæуккаг бизнесы архайджытæн

Æрæфы районы экономикæ пандемийæйы рæстæг цудын ма бауадзын. Ацы фарстайыл ныхас цыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы æмæ Æрæфы районы сæргълæууæг Хидирты Батразы кусæг фембæлды.

Республикæйы сæргълæууæг ын бабар кодта, уавæрмæ цæст дарын æмæ æххуыс кæнын чысыл æмæ астæуккаг  бизнесы архайджытæн. Уыимæ Битарты Вячеславы хъуыды у, цæмæй  федералон æмæ регионалон æмвæзадыл бизнес бахъахъхъæнынæн цы программæтæ сарæзтой, уыдонæй дæр спайда кæной. Республикæйы сæргълæууæг ма зæрдыл æрлæууын кодта, районы цæрджытимæ фембæлды рæстæг цы фарстатыл ныхас цыд, уыдоныл дæр куыст кæй цæуы.

Афтæ 2021-æм азы Цыколайы арæзт цæудзæн физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс. Стæй ма дзы байгом кæндзысты 8 фельдшерон-акушерон пункты. Боны фæткы ма æрдзырдтой иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ дæттыны хъуыддагыл. Битарты Вячеслав фæнысан кодта, кæй хъæуы æппæт санитарон домæнтæ сæххæст кæнын, цæмæй ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæджытæ ма фæрынчын уой коронавирусæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania