филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:59 четверг, 25 апреля 2024
06 декабря 2019, 18:52
Битарты Вячеслав Мæскуыйы фембæлд ирæтты æхсæнады минæвæрттимæ

Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы равзæрстой Советы ног сæрдары.

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав Мæскуыйы фембæлд ирæтты æхсæнады минæвæрттимæ. Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы равзæрстой Советы ног сæрдары. Уый у Уæрæсейы сгуыхт тренер Абайты Алан. Битарты Вячеслав ын раарфæ кодта, æмæ загъта:

«Куыст æнцон нæу, æмæ дын мæ зæрдæ зæгъы тых æмæ фæразондзинад. Махæн ахсджиаг у не мзæххонты цард нæ бæстæйы сæйраг сахары, уымæ гæсгæ  та нæхирдыгæй æххуыс кæндзыстым».

Абайты Алан куыд загъта, афтæмæй сæйраг хæсыл нымайы Мæскуыйы цæрæг ирæтты баиу кæнын. Æхсæнады уæнгтæ радзырдтой сæ разæмæ æвæрд хæсты тыххæй. Фембæлды архайдта Цæгат Ирыстоны  æххæстбарджын минæвар УФ-йы президенты цур Дзанайты Барис. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania