филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 суббота, 20 апреля 2024
04 августа 2020, 14:27
Битарты Вячеслав республикæйы сæйраг дохтыртæн бабар кодта, цæмæй сæ цæст дарой фелшырон-акушерон пунктты арæзтадмæ

Ууыл ныхас цыд оперативон штабы радон æмбырды

Битарты Вячеслав республикæйы сæйраг дохтыртæн бабар кодта, цæмæй сæ цæст дарой фелшырон-акушерон пунктты арæзтадмæ. Ууыл ныхас цыд оперативон штабы радон æмбырды. Республикæйы разамонæг æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, æнæниздзинадхъахъхъæнынады фыццаг къабазы рацарæзт Президенты сæрмагонд хæслæвæрд кæй у, уый. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй хъуамæ сæйраг дохтыртæ алы къуыри цæуой арæзтæдтæм æмæ бæрæг кæной куыстыты хæрзхъæддзинад. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – фыццаградон медицинон æххуысы системæйы райрæзты регионалон программæйы фæрцы нæ республикæйы ацы аз сараздзысты 34 фелшырон – акушерон пункты. Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой ныртæккæйы эпидемиологон уавæрыл.  Знонæй фæстæмæ тагъд æххуысы республикон клиникон рынчындон райдыдта исын коронавирусæй рынчын адæмы. Сæйраг дохтыры хæдивæг Тометы Олег куыд загъа, афтæмæй рынчындон суæгъд кодтой иннæ къорды рынчынтæй. Республикæйы клиникон рынчындоны ныртæккæ цæуы дезинфекци. Уый фæстæ райдайдзæнис кусын раздæры фæткмæ гæсгæ, Беслæны бирæвæрсыг центрмæ та нал æрвитдзысты тыхст рынчынты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania