филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:28 четверг, 28 марта 2024
11 июля 2019, 12:50
Битарты Вячеславы разамындæй уыд ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ йæ райрæзты къамисы æмбырд

Ныхас дзы цыди бирæ ахсджиаг фарстатыл

Битарты Вячеславы разамындæй уыд ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ йæ райрæзты къамисы æмбырд. Ныхас дзы цыди бирæ ахсджиаг фарстатыл. Зæгъæм, скъолаты æмæ рæвдауæндæтты мадæлон æвзаг ахуыр кæныны мадзæлттыл, нырыккон чингуытыл, ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæр кæныныл, стæй республикæйæн ирон æвзагыл дзурæг журналисттæ цæттæ кæныныл. Æмбырд цыди ирон æвзагыл. Алы ведомствæйы разамонæг дæр радзырдта сæ куысты хатдзæгты тыххæй. Республикæйы æххæстгонд цæуы полилингвалон ахуырад. Ахуырады æмæ наукæйы министр Людмила Башаринæ куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддаджы фыццаг къахдзæфтæ кæнынц Æрæфы, Горæтгæрон, æмæ Кировы районтæ. Министрады хъæппæрисæй, Дзæуджыхъæуы сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны дыккаг аз кусынц ирон æвзаг ахуыр кæныны сæрдыгон курсытæ. Пайда сæ кæнынц 100 скъоладзауы. Чингуыты хæрзхъæддзинадыл дзургæйæ министр загъта, ацы аз 22 ахуыргæнæн пособийæн экспертизæ кæй скодтой, уый. Æмбырды ма бæстонæй æрлæууыдысты, цæмæй хæстæгдæр рæстæг конд æрцæуа сæрмагонд кусæг къорд Цæгат Ирыстоны паддзахадон æвзæгтыл географион объекттæ мыхуыргонд кæм уыдзысты, ахæм каталог саразыны тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania