филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:50 четверг, 28 марта 2024
06 декабря 2019, 18:39
Бырæттæ фснайæн регионалон оператор йæ архайды рæстæг ссыгъдæг кодта 37 æнæзакъон бырондоны

Ахæм нымæц абон журналисттæн фехъусын кодта йæ разамонæг.

Бырæттæ фснайæн регионалон оператор йæ архайды рæстæг ссыгъдæг кодта 37 æнæзакъон бырондоны. Ахæм нымæц абон журналисттæн фехъусын кодта йæ разамонæг. Пресс-конференцийы рæстæг скодтой  дзуаппон доклад æмæ фæнысан кодтой дарддæры архайд дæр. Афтæ Эко-Альянс балхæндзæн сæрмагонд техникæйы 10 машинæйы, уыдон ахъаз уыдзысты, бырæттæ ласыны фаста æвзæр кæм у, уыцы районтæн.  Организаци ма  аразы бадзырдтæ  коммерцион куыстуæттимæ. 8 мин 500 юридикон адæймæгтæй регионалон операторы лæггæдтæй пайда кæны æрмæстдæр 2 мины æмæ рдæг. Иннæтæ сæ бырæттæ ласынц æнæзакъонæй. Фидæны азы ахсджиаг фарстатæй иу у, Дзæуджыхъæумæ хæстæг цы бырондон ис, уый ссыгъдæг кæнын æмæ, хауæддзæгтæ чи хицæн кæны, ахæм полигон саразын. Ныртæккæ куыст цæуы проектыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania