филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:36 пятница, 19 апреля 2024
16 января 2020, 12:49
Черменыхъæуы райдыдта амбулаторийы бындурон цалцæг

Арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæвæййынц Михайловскийы амбулаторийы дæр.

Черменыхъæуы райдыдта амбулаторийы бындурон цалцæг. Æмæ уал рæстæгмæ дохтырты раивтой администрацийы бæстыхæйттæй иумæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Черменыхъæуы амбулатори цалцæггонд рагæй нæ цыди. Бæстыхай æрцыди заууатмæ. Арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæвæййынц Михайловскийы амбулаторийы дæр. Хъæуы ис 11 мин цæрæджы. Æмæ дзы ног медицинон пункт хъуыди æнæмæнг. Арæзтадон куыстытæ дзы райдыдтой фарон ноябры. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, ацы аз Цæгат Ирыстоны хъуамæ базилой æмæ ногæй рацаразой 36 амбулаторийы æмæ фельдшерон – акушерон пункты. Блвырддæр – Фидараты Маринæ. Черменыхъæуы амбулаторийы рацарæзты куыстытæ цæуынц цалдæр мæйы. Бæстыхай базилинаг уыди 10 азæй фылдæр. Ныр куыстытæ райдыдтой, фæлæ медицинон кусджытæ уæддæр сæ хæстæ æххæст кæнынц. 

Цалцæггæнæн куыстытæн фæрæзтæ радих кодтой республикон бюджетæй. Ныры онг цалцæггæнæн объекты фæллой кæнынц 25 адæймаджы. Медицинон объект эксплуатацийы раттынмæ хъавынц февралы.

Ныртæккæ медицинон куыстуæтты цалцæг уыцы-иу рæстæг цæуы Горæтгæрон районы цалдæр хъæуы: Архонкæйы, Дæргъæвсы æмæ Дæллаг Санибайы. Михайловскæйы та арæзт цæуы нырыккон амбулатори. Дыууæуæладзыгон бæстыхай поселочы астæу тагъд рæстæджы суазæг кæндзæн фыццаг пациентты. Ам ма процедурон кабинеттæй дарддæр нысан кæнынц боныгон стационар скæнын дæр. Михайловскæйы нырыккон амбулатори рагæй хъуыди, уымæн æмæ дзы цæры 11 мин адæймаджы.

Цæгат Ирыстоны ацы аз æдæппæтæй нысан кæнынц 36 фельдшерон-акушерон пункты саразын æмæ рацаразын. Цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ фæуой сæрды онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania