филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:36 среда, 24 апреля 2024
20 января 2020, 12:34
Чырыстон диныл хæст адæм сбæрæг кодтой ахсджиагдæр бæрæгбæттæй иу – доныскъæфæнтæ

Цæгат Ирыстоны бæрæгбоны аргъуыдтæ ацыдысты æппæт аргъуанты, уыимæ ма бирæты ацы æхсæв бафæндыд дзуæрттæ æфтыд доны бацæуын

Чырыстон диныл хæст адæм сбæрæг кодтой ахсджиагдæр  бæрæгбæттæй иу – доныскъæфæнтæ. Цæгат Ирыстоны бæрæгбоны аргъуыдтæ ацыдысты æппæт аргъуанты, уыимæ ма бирæты ацы æхсæв бафæндыд дзуæрттæ æфтыд доны бацæуын. Куыд ацыд бæрæгбон, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Доныскъæфæнтæм Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг Архиепископ Леонид Сылгоймæгты Алайнаг модзандоны диссæгтæ аразæг Никъалайы донгуырæныл.  Чырыстон дины агъдаумæ гæсгæ дзуарфтыд донæн ис стыр тых.

Сæрмагонд аргъуыды фæстæ бирæты бафæндыд дзуæрттæ æфтыд доны бацæуын. Аргъуаны фæткмæ гæсгæ уый æнæмæнг хъуыддаг нæу. Ацы традици адæмæн сæхицæй рацыд. Æвдисынц дзы се стыр æууæнкдзинад, стæй буар æмæ удыхъæдæй фидардзинад.

Ацы æхсæв доныскъæфæны бæрæгбон арæзт уыд нæ республикæйы æппæт аргъуанты. Алайнаг моладзандонæй фæстæмæ ма дзуарæфтыд дæттæ уыдысты Дигорайы, Æрыдоны, Хъæдгæроны, Бирæгъзæнджы, Сечеры, Мæздæджы станицæты æмæ Хохы Санибайы.

Ацы аргъуаныл иу æмæ дыууæ æнусы нæ цæуы, бирæ историон цаутимæ баст у йæ хъысмæт, фæлæ абон дæр аргъуан лæггад кæны адæмæн, уыдон та æууæндынц йæ æгæрон тыхыл æмæ чырыстон динимæ баст бæрæгбæтты сæхи фæдзæхсынц ацы ран. Уæдæ доныскъæфæнты дæр йæдзаг уыд адæмæй, бирæтæ сæрмагонд аргъуыды рæстæг лæууыдысты æддейы.

Санибайыл цæуы Къауридон, ам рагацау арæзт æрцыдысты уавæртæ, цæмæй доныскъæфæнты рæстæг адæм æнцонтæй бацæуой доны æмæ сæхиуыл сыгъдæгзæрдæйæ  дзуарттæ бафтауой. Рад дзы хастой ирвæзынгæнджыты къорд æмæ барадон оргæнтæ. Тæвд цай æмæ бæрæгбоны фынг та æнхъæлмæ каст æппæт адæммæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania