филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:47 пятница, 29 марта 2024
04 июня 2019, 17:05
Демографийы уавæр хуыздæрырдæм аивын, чысыл бизнесы рæзтыл кусын æмæ адæмы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын

Демографийы уавæр хуыздæрырдæм аивын, чысыл бизнесы рæзтыл кусын æмæ адæмы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын.

Ахæм амындтытæ абон хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радта Горæтгæрон районы социалон-экономикон рæзты æмбырды. Бынæттон администрацийы хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд азы куыстæн, стæй сæвæрдтой фидæнмæ нысантæ дæр. Сæ сæйраг хæс у экономикæйы рæзтыл кусын. 2018-æм азы Горæтгæрон район бакуыста 400 милуан сомæй фылдæр. Уый, 2017-æм азимæ абаргæйæ, у 70 милуаны фылдæр. Ацы аз та се фтиæгтæ нысан кæнынц 13% фæфылдæр кæнын. Районы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй сын ацы хъуыддаджы баххуыс кæндзæн промышленносты æмæ хъæууон хæдзарады активон рæзт. Хойраджы продукцийы куыстуæттæ иумæйагæй рауагътой 4 миллиард сомы. Аграрон сектор та бакуыста 7 миллиарды. 2018-æм азы йæ рæзтæн паддзахад радих кодта 80 милуан сомæй фылдæр. Æмбырды ма Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй фыццаградон хæс у адæмы цард хуыздæр кæнын. Бынæттон администрацийы куыст та хъуамæ кæна ахадгæдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania