филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:41 пятница, 19 апреля 2024
24 октября 2012, 09:07
Дигорайы армспортæй командæ рамбулыны ерысты бацахста фыццаг бынат

Дзæуджыхъæуы спортивон æхсæнад «Дедал»-ы командæ армспортæй Дигорайы Кубок рамбулыны ерысты бацахста фыццаг бынат. Хицæн спортсменты ‘хсæн дзы тыхджындæр разынд Хуссар Ирыстойнаг Гаситы Сослан.

Дзæуджыхъæуы спортивон æхсæнад «Дедал»-ы
командæ армспортæй Дигорайы Кубок рамбулыны ерысты бацахста фыццаг
бынат. Хицæн спортсменты ‘хсæн дзы тыхджындæр разынд Хуссар Ирыстойнаг
Гаситы Сослан. Турнир ацыд Дигорайы. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй дзы сæ
тыхтæ æвзæрстой 250 æвзонг спортсмены.

Йæ
хъару йæ тых цы лæппу нæ æвзара, уый рæзгæ нæ кæны. Æрмхæстæй цы
фæсивæд архайы, уыдон æнæмæнг, афтæ хъуыды кæнынц. Ахæм ерыстæ Дигорайы
фыццаг хатт нæ цæуынц. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ азæй – азмæ
цымыдисагдæр кæй кæнынц. Сæ саразæг Хъарданты Тимур куыд зæгъы, афтæмæй
ерысты сæйраг нысан æххæст гонд æрцæуы.

Ацы хатт ерысты архайынмæ æрбацыд 250
суинаг спортсменæй фылдæр. Уыдысты куыд Цæгат Ирыстоны горæттæй æмæ
хъæутæй, афтæ Хуссар Ирыстонæй дæр.

Дигорайы кубок рамбулыныл хæцæг чызджытæ
æмæ лæппутæ сæ хъарутæ æвзæрстой цыппар сæрмагонд стъолыл. Ерысты æппæт
домæнтæ дæр æххæстгонд æрцыдысты. Армхæсджытæ 17 уæзы хуызы рамбылдтой
68 призон бынаты. Сæйраг тæрхонгæнæг Золойты Мæирбег бацархайдта, цæмæй
ерысты уæлахиз кæной тыхджындæртæ. Иумæйаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ фыццаг
бынатмæ рацыд Дзæуджыхъæуккаг командæ «Дедал». Чемпионы кубок та радтой
Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Сосланæн. Ерысты æппæт архайджытæ дæр
хорзæхгонд æрцыдысты грамотæтæй, кубоктæй, майдантæй æмæ зæрдылдарæн
лæвæрттæй. Мадзалы кæронбæттæны та æрыгон æрмхæсджытæ минут æдзæмæй
алæугæйæ ссардтой, ацы спорты хуызы чи архайдта, уыцы æдзард æрыгон
лæппуты æмæ чызджыты нæмттæ. Ерысты саразджытæ фæнд кæнынц дарддæрдæр
фæсивæды спортивон хъомыладæн мадзæлттæ аразын, цæмæй сын рæстæг ма уа
уынгты дзæгъæл лæуд кæнынæн.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania