филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:00 суббота, 20 апреля 2024
28 августа 2019, 13:49
Доны станцæйы уыдысты наутæ аразыны спортæй ерыстæ

Ацы азы турнир у Кучиты Юрийы сæдæ азы юбилейы кадæн

Абон Дзæуджыхъæуы байгом кæндзысты цыртдзæвæн арктикон капитан Кучиты Юрийæн. Скульптурæ сæвæрдтой Коцойты Арсены уынджы, национ наукон библиотекæйы бакомкоммæ. Композицийы æвдыст цæуы легендарон капитан ихсæттæн науыл лæугæйæ, йæ къухты бинокль, афтæмæй. Зындгонд капитаны 100 азы юбилеймæ Дзæуджыхъæуы бирæ алыхуызон мадзæлттæ арæзт цæуынц. Доны станцæйы та уыдысты наутæ аразыны спортæй ерыстæ. Федта сæ Гуытъиаты Алинæ дæр.

Дæ размæ лæууæг цæлхдурты хсæн хъæуы афтæ ацæуын, цæмæй цыл науы тигъ ма андзæва. Уымæн дын ис лæвæрд æрмæстдæр цалдæр секунды. Науы модельты аразæн спорты æгъдæуттæ фыццаг бакастæй сты æнцон сæххæстгæнæн. Фæлæ лæмбынæгæр куы æркæсай, уæд фендзынæ, науæн цæлхдурты астæу æнцон ацæуæн кæй нæу, уый. Æнæнхъæлæджы дымгæ, науæд та лыстæг рæдыд гæнæн ис æмæ науы æндæр фæндагыл арвитой.

Наутæ аразыны спортæй ерыстæ нæ республикæйы арæх саразынц. Ацы азы турнир у Кучиты Юрийы сæдæ азы юбилейы кадæн. Уый фæдыл архайджытæ бацæттæ кодтой сæрмагонд наутæ — æппæты фидардæр, тыхджындæр, æнæбасæтгæдæр — раст номдзыд арктикон капитаны удыхъæды миниуджыты хуызæн.

Наутæ аразыны спортыл кæм ахуыр кæнынц, ахæм къордтæ нæ республикæйы ис æрмæстдæр æртæ. Уыдон дæр Дзæуджыхъæуы. Спорты ацы хуыз домы бирæ рæстæг. Цæмæй иу нау æрæмбырл кæнай, уый тыххæй æппынкъаддæр бахъæудзæнис æртæ азы. Сабиты куыст æмæ сæ цæттæдзинадæн стыр аргъ скодта спорты министр Хуыгаты Алан.

Раундты астæу уæгъд рæстæг сывæллæтты æхсæн бацайдагъ вæййы зæрдиаг ныхас. Фæнды сæ сбæрæг кæнын — судомоделизм спорт у æви аивады хуыз? Ерыстæм дæр хæрзиуæджы фæстæ не рбацыдысты, фæлæ сæ фарстайæн дзуап райсынмæ. Куыд дарддæр, афтæ сæ хъуыды кæны фидардæр — наутæ аразын у сфæлдыстадон спорты хуыз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania