филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:24 четверг, 25 апреля 2024
21 августа 2020, 13:17
Дыгургомы Фæрæскъæтты ныртæккæ аивгæнæн куыстытæ цæуынц рагон аргъуаны

Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы сбæрæг кæнынмæ

Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы сбæрæг кæнынмæ. Нæ республикæйы æппæт территорийы ныртæккæ зилынц чырыстон дины кувæндæттæм. Рацарæзты куыстытæ бахæццæ сты хæххон районты дæрддзæф хъæутæм дæр. Зæгъæм, Дыгургомы Фæрæскъæтты ныртæккæ аивгæнæн куыстытæ цæуынц рагон аргъуаны.

Фæрæскъæтты хъæуы ныртæккæ йæ тæмæны бацыд аргъуаны рацарæзт. Ацы объектæн ис культурон нысаниуæг æмæ ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, арæзт æрцыд фынддæсæм æмæ æхсæрдæсæм æнусты. Аргъуаныл бынæттон цæрджыты фæрцы сбадт хурæнгæс, ома рухсы ном. Бæстыхай у егъау кувæндоны хай. Аргъуанæй чысыл дарддæр, хуссарырдæм, лæууынц дыууæ дурын къæйы, цæгатырдыгæй та дурамады фæдтæ.

Аргъуаны къултыл стæм сты аивгæнæнтæ. Бацæуæны, дуæртты алыварс ис дзуары нывтимæ къæйтæ. Къултæ сты аив бурбын чъырæйцаггъд. Аргъуаны агъуыст та кувæн бынат адих кодта дыууæ æмраст хайыл.

Дæллаг Фæрæскъæтты аргъуанмæ базылдысты 1837-æм азы. Уæд дзы райдыдтой чырыстон дины службæтæ кæнын. Чи зоны, æмæ уыцы замантæй баззадысты кувæн бынаты хъæдын пъол æмæ агъуысты бæстастæу дзуары нывты тæрхæг. Ныртæккæ Фæрæскъæты цæрынц æрмæстдæр дыууæ бинонтæ. Уыдоны тыхтæй æрцыд хъахъхъæд аргъуан абоны бонмæ.

Аргъуаны рацарæзт райдыдта культурон бынты объекттæ бахъахъхъæныны программæ æххæст кæнгæйæ. У Аланийыл саргъауыны мин сæдæ азы кадæн мадзæлтты программæйы хай. Специалисттæ архайынц, цæмæй рагон бæстыхайы æддаг бакаст хъыгдард ма рцæуа. Фæрæскъæтты кувæндоны комплексы сусæгдзинæдтæ та дарддæр иртасынц ахуыргæндтæ. Уый хуымæтæджы нæу – ацы цыртдзæвæн нымад у аланты чырыстондзинады сæйрагдæр символтæй иуыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania