филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:08 вторник, 23 апреля 2024
28 октября 2020, 12:30
Дыгургомы уазайы хохы райдыдта Бæгайты мæсыгы рацарæзт

Культурон хæзнайыл нымад чи у, уыцы цыртдзæвæн сног кæнын фæнд кæнынц, Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азы бонмæ

Астæуккаг æнусты фидæртты ирдæй зынынц историон нывтæ. Дыгургомы уазайы хохы райдыдта Бæгайты мæсыгы рацарæзт. Кæддæр уæлхохы фидарæн уыди стратегион нысаниуæг, тæссаг рæстæг-иу куы уыди, уæд-иу дзы ссыгъдтой цырагъ. Афтæ-иу хъусын кодтой, знаг кæй æрбацæуы, уый тыххæй. Абон дзы баззадис æрмæстдæр фидар дурæй конд къултæ. Культурон хæзнайыл нымад чи у, уыцы цыртдзæвæн сног кæнын фæнд кæнынц, Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азы бонмæ. Дыгургомæй Дудиаты Джинæйы æрмæг.

Таматы Таймураз у Къуымбылты хъæуæй рацæуæг. Бирæ азты йæ райгуырæн бынæтты тыххæй æмбырд кæны этнографион æрмæг. Астæуккаг æнусты Бæгайты фидар ис УазАйы хохыл. Ацы бынæттимæ бирæ таурæгътæ æмæ цаутæ баст ис.

Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, ууыл 1100 азы кадæн мадзæлттæм цæттæгæнгæйæ райдыдта мæсыгы рацарæзт. Хæхбæсты фидар дихгонд уыди цалдæр хайыл. Цæрæн бынæттæ, аргъуан, æмæ кувæндон. Уый иннæ арæзтадтæй баззади хуыздæрæй. Рæстæг ыл йæ фæд афтæ тынг нæ ныууагъта. Бынæттон цæрджытæ йæ иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдтой снывыл кæныныл. Фæлæ йын уæддæр хъуыди реставраци скæнын.

Традицион фынджы уæлхъус æрæмбырд сты хистæртæ. Рацарæзты размæ хъæуы не сфæлдисæгмæ бакувын æмæ йыл хи бафæдзæхсын.

Реставратортæ кусдзысты рагон технологитæм гæстæ. Ам сæйрагдæр у, цæмæй йын бахъахъхъæной йæ фыццаг хуыз.

Культурон хæзнатæ бахъахъхъæнын, уыимæ сæ райдианы хуызы, у реставраторты хæс æмæ нысан. Уымæн сын æххуыс уыдзæн,  астæуккаг æнусты объектты тыххæй цы информаци ис, уый. Афтæмæй, фидарæй зæгъæн ис, Бæгайты фидар уыдзæни хъахъхъæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania