филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:59 четверг, 25 апреля 2024
15 октября 2020, 12:25
Дыгуры районы цæрæг сывæлæттæн фæзынд фадæттæ сæ арæхстдзинæдтæ æргом кæнынæн

Бирæтæй уырнгæ дæр нæ кæны æцæгæй дæр сæ бон кæй у ахæм хъуыддæгтæй архайын

Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр фæстаг рæстæг скъолаты æмæ сфæлдыстадон хæдзæртты бирæ хорздзинæдтæ конд цæуы  куыд ахуырдзаутæн, афтæ ахуыргæнджытæн дæр, зæгъынц Дыгуры районы сфæлдыстады хæдзары кусджытæ. Æмæ хуымæтæджы нæ. Цы ивддзинæдтæ дзы æрцыд, уыдон федта Сосранты Жаннæ æмæ сын сæ кой ракæдзæн махæн дæр. 

Фылдæр гæнæнтæ, фылдæр фадæттæ. Дыгуры районы цæрæг сывæлæттæн фæзынд  фадæттæ сæ арæхстдзинæдтæ æргом кæнынæн. Бирæтæй  уырнгæ  дæр нæ кæны æцæгæй дæр сæ бон кæй у  ахæм хъуыддæгтæй архайын. Æмæ урокты фæстæ зæрдиагæй фæтагъд  кæнынц ардæм.

Сæ ахуыргæнджытæн та  арæзт æрцыд сæрмагонд курсытæ. Кæд  раздæр сабиты ахуыр кодтой  иунæг дæсныйадмæ гæсгæ, уæд сын ныр та фадат ис  сывæллæттимæ æндæр  хуызы куыст кæнынæн дæр.

Сфæлдыстады хæдзары цалдæр хайады сты Дигорайы æртыккæгæм скъолайы. Йæ  директоры ныхæстæм гæсгæ  сын æхцондзинад хæссы, сæ бæстыхай сын кæй барайдзаст кодтой цымыдисаг хъуыддæгтæй, уый. Æрмæст робототехникæйы хайадмæ цы зæрдиагæй цæуынц алы кары сабитæ, уый бирæйы аргъ у. Сывæллæттæ дзы сæхи æвзарынц программисты хуызы. Чи зоны æмæ сын фидæны дæсныйад равзарынæн ацы хайад феххуыс уа.  Дыгуры районы  сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар кусы 30 азæй фылдæр. Цард куыд цæуы, рæстæг куыд амоны, афтæ ам дæр се сфæлдыстадон къордтæ ивынц сæ куыст.  

Хæдзары коллектив  иуыхуызон сывæллæттыл хъуыды  кæны. Алы хайады кой дæр дзы æмбæлы ракæнын хицæнæй. Алкæмæндæр дзы ис йæхи æнтыстдзинæдтæ. Æвзонг æфсæддонты къорд «Память» арæзт æрцыд, сфæлдыстадон хæдзары педагог  Диамбекты Аллæйы хъæппæрисæй. Сывæллæттæ дзы архайынц зæрдиагæй. Сæ разамонæджы æмбарынц йæ цæстæнгасæй. Уæвгæ æппæт кусджытæ дæр сты кады аккаг.

Дыгуры районы сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары кусы 16 къорды. Алкæцы дæр дзы  пайдайаг у сабийæн.  Бирæ хъæуты нæ фендзынæ ахæм  къордты номхыгъд, уый та аразгæ у  йæ директор æмæ коллективæй. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania