филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:42 четверг, 25 апреля 2024
06 мая 2013, 17:41
Дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг райгуырд 26-æм апрелы Дзæуджыхъæуы 1-æм арæндоны

Сæ мад, 31-аздзыд Маринæ Царюк куыд зæгъы, афтæмæй сæ бинонтæ зынгæ кæй фæфылдæр сты, ууыл тынг цин кæнынц. Сывæллæттæ райгуырдысты операцийы руаджы. Ноггуырдтæй алчидæр ласы 2 килограммы æмæ `рдæг.

Дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг райгуырд 26-æм апрелы Дзæуджыхъæуы 1-æм арæндоны
Ацы азы фыццаг 3 фаззоны. Дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг райгуырд 26-æм апрелы Дзæуджыхъæуы 1-æм арæндоны.

Сæ мад, 31-аздзыд Маринæ Царюк куыд зæгъы, афтæмæй сæ бинонтæ зынгæ кæй фæфылдæр сты, ууыл тынг цин кæнынц. Сывæллæттæ райгуырдысты операцийы руаджы. Ноггуырдтæй алчидæр ласы 2 килограммы æмæ `рдæг. Фæлæ фаззæттæн ахæм уæз у хорзыл нымад, зæгъынц дохтыртæ. Сывæллæттæ райгуырдысты сæ афонæй раздæр. Бирæсывæллонджын мад æмæ фаззæттæ сæхи хорз æнкъарынц. Ярослав, Владислав æмæ Вероникæмæ сæ хæдзары æнхъæлмæ кæсынц сæ хистæр хо æмæ `фсымæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania