филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:18 среда, 24 апреля 2024
22 октября 2012, 11:36
Дзæуджыхъæуы цыппор фыццæгæм скъолайы ацыдысты цымыдисаг практикон ахуыртæ немыцаг æвзагæй

Фæсарæйнаг æвзаг зонынæй скъоладзаутæ дыууæ сахаты дæргъы сæ арæхстдзинад æвдыстой, Мюнхены университеты, стæй ацы скъолайы рауагъдон Хæдарцаты Дзерассæимæ ныхас кæнгæйæ.

Фæсарæйнаг æвзаг зонынæй скъоладзаутæ
дыууæ сахаты дæргъы сæ арæхстдзинад æвдыстой, Мюнхены университеты, стæй
ацы скъолайы рауагъдон Хæдарцаты Дзерассæимæ ныхас кæнгæйæ. Фембæлды
рæстæг сывæллæттæ уырыссаг æвзаг рох дæр ма фæкодтой, иттæг хорз
дзырдтой немыцагау. Ахуыргæнджытæ, сæ хъомылгæнинæгты зонындзинæдтæй
разыйæ баззадысты.

41-æм скъолайы немыцаг æвзаг бæстонæй
ахуыр кæнынц. Бастдзинæдтæ сын ис Германи æмæ Австриимæ. Скъоламæ дыууæ
хатты ссыд уыцы бæстæйы æхæстбарджын минæвар. Хæдарцаты Дзерассæ
Германийы кусы æппæт дунейы зындгонд фирмæйы. Сывæллæттæ йæ фарстой
немыцаг æгъдæуттæй, архитектурæ, аивад æмæ ма бирæ æндæр цымыдиссаг
хъуыддæгтæй.

Дзерассæ куыд зæгъы, афтæмæй
уырыссаг-гермайнаг бастдзинæдтæ рæздзысты дарддæр. Фидардæр кæндзысты
экономикон æмæ культурон фарстатæ. Уымæ гæсгæ немыцаг æвзаг ахуыр кæнын у
ахсджиаг.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania