филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:28 четверг, 25 апреля 2024
26 августа 2020, 13:00
Дзæуджыхъæу архайдта ахуыргæнджыты æрвылазон конференцийы

Пандемийæйы рæстæг уавæр сраст кæнынæн баххуыс кодта дæрддзæфмæ ахуырад, загъта Уæрæсейы Федерацийы ахуырады министры хæдивæг Андрей Корнеев

Пандемийæйы рæстæг уавæр сраст кæнынæн баххуыс кодта дæрддзæфмæ ахуырад, загъта Уæрæсейы Федерацийы ахуырады министры хæдивæг Андрей Корнеев. Архайдта ахуыргæнджыты æрвылазон конференцийы. Йæ доклады фехъусын кодта, æмтгæй дæрддзæфмæ ахуыр кæнынмæ  кæй раивтой 16 милуан скъоладзауы. Уый уыд рæстæгмæйы домæн æмæ йæ фæрцы бирæ фæстиуджыты сæрты ахызтысты. Уæрæсейаг бæрнон адæймагимæ фембæлды архайдтой Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæтты разамонджытæ. Видеобастдзинады фæрцы конференцийы архайдтой районты муниципалон ахуыргæнæндæтты разамонджытæ, бастдзинадмæ рацыд Уæрæсейы ахуырады министр Сергей Кравцов. Уый раарфæ кодта йæ дæлбар куысджытæн, ахæм зын уавæрты сæ бон кæй сси сарæхсын. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав загъта, нырма уавæр у тæссаг æмæ домæнтæ хъæуы æххæст кæнын. Фæнысан кодта кæй хъæуы архайын ацы къабазы кусынмæ фылдæр æрыгон адæмы разæнгард кæнын. Æмæ ма бафиппайдта фæстаг азты æппæты хуыздæрыл кæй  нымайы æппæт скъоладзаутæ, сæ социалон статус нæ нымайгæйæ, фсæст кæй цæудзысты тæвд хæринагæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania