филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:02 пятница, 19 апреля 2024
15 января 2020, 18:10
Дзæуджыхъæуккаг 5-аздзыд Уаниты Владимир йæ зонындзинæдтæй дисы фтауы йæ ныййарджыты æмæ хъомылгæнджыты

Ахæм æвзонг уæвгæйæ, лæппу йе мгæрттæй у арæхстджындæр

Дзæуджыхъæуккаг 5-аздзыд Уаниты Владимир йæ зонындзинæдтæй дисы фтауы йæ ныййарджыты æмæ хъомылгæнджыты. Ахæм æвзонг уæвгæйæ, лæппу йе мгæрттæй у арæхстджындæр. Раздæр азты уæлахиз кодта районты æмæ æппæтуæрæсеон олимпиадæты æмæ конкурсты логикон хъуыдыкæнынадæй æмæ эрудицийæ. Ацы аз зымæгон каникулты рæстæг та Вовæ фыццаг бынат бацахста æппæтадæмон олимпиадæ «Эрудиты планеты»-йы.

Сывæллæтты рæвдауæндоны сихоры фынæйы фæстæ сабитæ тагъд кæнынц сæ хъазæнтæм. Чи куклатæй хъазы, чи та машинæтæй. Уаниты Вовæ та равæрдта пазлтæ æмæ сæ арæхстджынæй æмбырд кæны. Хуымæтæг хъæзтытæ дæр уарзы Вовæ, фæлæ фылдæр йæ зæрдæмæ цæуы хъуыды кæнын. Хæдзары та уарзы конструкторæй хъазын.

Хъомылгæнджытæ уайтагъд раиртæстой Владимиры арæхстдзинæдтæ. Йæ зондахаст хицæн кæны йе мгæрттæй, уымæ гæсгæ лæппуйы бахъуыд æндæр ирхæфсæн мадзæлттæ агурын.

Владимиры ныййарджытæ куы базыдтой æппæтадæмон олимпиадæ «Эрудиты планетæ»-йы тыххæй, уæд сывæллоны бафарстой, фæнды йæ архайын æви нæ. Раст зæгъгæйæ ацы конкурс йын фыццаг нæу. Владимир уарзы алыхуызон зындзинæдтимæ фæлтæрæнтæ æххæст кæнын. Æххуыс та йын кæны йæ мад.

Кæд сывæллон иннæтæй хицæн кæны, уæддæр у хуымæтæг. Уарзы аныхас кæнын. Йæ ныййарджыты хъуыдымæ гæсгæ сывæллоны хъомылады ахсджиаг у, хъæбулæн ныфс уæвын, йæ бæллицтæ сæххæст кæнынмæ йын цæлхдуртæ ма сæвæрын, фæлæ йын баххуыс кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania