филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:55 четверг, 28 марта 2024
28 мая 2020, 16:29
Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы рауагъдон Никита Шевцов сси уæлахиздзау олимпиадæйы «Умницы и умники»

Ныр æвзонг лæппуйæн фадат ис, Мæскуыйы æппæтадæмон ахастдзинæдты паддзахадон институты студент суавынæн

Фидæнмæ æууæнкæй кæсы. Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы рауагъдон Никита Шевцов архайдта Æппæтуæрæсеон интеллектуалон олимпиадæ «Умницы и умники»-йы, æмæ дзы сси уæлахиздзау. Ныр æвзонг лæппуйæн фадат ис, Мæскуыйы æппæтадæмон ахастдзинæдты паддзахадон институты студент суавынæн. Хъæуы ма йæ фæлварæн историйæ радтын. Фæлæ уымæй дæр нæ тæрсы, олимпиадæмæ цæттæ кæнгæйæ ахуырадон центр «Интеллект»-ы райста арф зонындзинæдтæ.

Скъолайы рауагъдон Никитæйы размæ операци «Эдельвейс»-ы пълан. Æрæджы дæр ма Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы рауагъдон Æппæтуæрæсеон гуманитарон олимпиадæмæ «Умницы и умники» цæттæ кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй æрмæг. Кæй дзы рамбылдта, уый тыххæй та базыдта хæрзæрæджы. Ныр, зæгъæн ис, æмæ у æппæтадæмон ахастдзинæдты мæскуыйаг паддзахадон институты  ахуырдзау, хъæуы ма йæ фæлварæн раттын историйæ. Ныр фидæнмæ æвæры нысантæ.

Никитæйы фæнд у æппæтадæмон ахастдзинæдты факультеты студент суæвын. Олимпиадæйы агъоммæ йæ фæндыд юрист суæвын, ныр та – дипломат. Цæгатирыстойнаг скъоладзауы хъысмæт фæстаг азмæ цæхгæр фæивта, йæхæдæг иу арæх каст ацы олимпиадæмæ, цин кодта йæ уæлахиздзауты æнтыстдзинæдтыл æмæ йæ бафæндыд телеуынынадон равдысты бацархайын.

Никитæйы фæндоны фарс рахæцыдысты йæ ныййарджытæ дæр. Æмæ фарон лæппу ацыд центр «Интеллект»-мæ. Ацыд регионалон æвзарæн къæпхæн, уый фæстæ йæ разамонæг Сосранты Зæлинæимæ йæхи райдыдта цæттæ кæнын.

Алы къæпхæнмæ дæр цæттæ кодтой мæйы дæргъы. Æркастысты  5-æм æнуысы Рагон Бердзейнæгтæй æмæ суанг Советон рæстæджы ралæудмæ. Афæдзмæ Никитæ бакасти бирæ литературæ, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй кæд скъолайы хорз ахуыр кодта, уæддæр афтæ лæмбынæг наукон куыст нæ кодта. Йæ курдиат ын райхæлдтой  центр «Интеллект»-ы ахуыргæнджытæ.

Олимпиадæйы фыццаг къæпхæны Никитæ фæхæрд, фæлæ дарддæр 3 фарстайæ дзуапп радта 2-йæн.

Кæронбæттæн къæпхæны Никитæйы зонындзинæдтыл гуырысхо ничиуал кодта, кæд æмæ нæ бæстæйы сæрмагонд уавæрмæ гæсгæ олимпиадæйы архайджытæ нывæцæн фыстой дæрддзæфмæ. Лæппу зæгъы, йæ ныхмæлуджытæ уыдысты тыхджын, бирæтимæ йын ныр ис хæлар ахастдзинæдтæ.

Ацы аз цæгат Ирыстонæй олимпиадæйы архайдта 3 адæймаджы, традицимæ гæсгæ 6 азы фæд-фæдыл лæппутæ æмæ чызджытæ свæййынц уæлахиздзаутæ, ацы аз та хуыздæр зонындзинæдтæ равдыста Никита Шевцов, æмæ ныр зæрдæ дары, йæ фæндтæ йæ къухы кæй бафтдзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania