филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:19 вторник, 23 апреля 2024
22 января 2021, 12:23
Дзæуджыхъæуы 5-æм училищæ хуыздæрыл банымадтой сæрмагонд æхсæнадон академийы

Æрвылаз училищæ цæттæ кæны æндадзджыты, хуыйджыты, аразджыты æмæ токарьты

Алы кусæг дæсныйадтæн хорз специалисттæ цæттæ кæныны æрмадзыл нымад у Дзæуджыхъæуы 5-æм училищæ. Ахуыргæнæндонæн стыр аргъ скодтой сæрмагонд æхсæнадон академийы. Хатдзæгтæм гæсгæ бæстæйы нымад æрцыди хуыздæртæй иуыл. Æрвылаз училищæ цæттæ кæны æндадзджыты, хуыйджыты, аразджыты æмæ токарьты. Абон æнтыстджынæй кусынц сæ дысныйæдты. Касаты Наирæ – бæлвырддæр.

Бæззаты Аринæйæн æнцонтæй йæ къухы æфты, цы ахуыртæ райсы, уыдон практикæйы ныффидар кæнын. 5-æм училищæйы 2-æм курсы ахуырдзау равзæрста йæ уарзон дæсныйад. Кæд сылгоймаджы дæсныйад нæу, уæддæр. Аринæ фидæны йæхи уыны машинæтæ аразæгæй.

Ам автомеханиктæй фæстæмæ цæттæ кæнынц аразджыты, æндазджыты, токарьты æмæ хуыйджыты.
Черчесты Дианæ йæ гыццылæй фæстæмæ бæллыди хуыйæг суæвынмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын училищæйы ис æппæт фадæттæ хуыйæджы дæсныйад райсынæн. Фидæнмæ йæм ис бирæ фæндтæ æмæ бæллицтæ. Уырны йæ ацы ахуыргæнæндон ын царды раст фæндаг равзарынмæ кæй баххуыс уыдзæни, уый.

Ахуырдзауты разæнгарддзинад æмæ педагогты ахуырады процессмæ цы бæрнон цæстæй кæсынц, уый фæбæрæг хъуыддагыл. Сæрмагонд æхсæнадон академийы хъуыдымæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы 5-æм училищæ бæстæйы нымад æрцыди хуыздæртæй иуыл, æмæ сси æппæтуæрæсеон национ премийы лауреат.

Æппæтуæрæсеон æмвæзадыл сæ хорзыл кæй банымадтой, уый сын радта ноджы фылдæр гæнæнтæ. Ныр ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæн сæ размæ ис ног хæстæ. Æмæ сæ кæй сæххæст кæндзысты, ууыл дызæрдыг нæ кæнынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania