филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:25 четверг, 18 апреля 2024
26 ноября 2019, 12:09
Дзæуджыхъæуы 98-æм рæвдауæндон самал кодта ног кусæнгæрзтæ сабиты наукон ахуырадæн

Афтæмæй ма амæй фæстæмæ ноджыдæр иу рæвдауæндоны фадат уыдзæн, скъолайы агъоммæйы кары сывæллæттæн техникон зонындзинæдтæ дæттынæн

Дзæуджыхъæуы 98-æм рæвдауæндон самал кодта ног кусæнгæрзтæ сабиты наукон ахуырадæн. Афтæмæй ма амæй фæстæмæ ноджыдæр иу рæвдауæндоны фадат уыдзæн, скъолайы агъоммæйы кары сывæллæттæн техникон зонындзинæдтæ дæттынæн. Ацы куыст æххæстгонд цæуы, федералон проект «Алы сывæллоны æнтыстдзинад»-мæ гæсгæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ацы рæвдауæндоны ныр ис алцыдæр, кæстæр фæлтæрмæ техникон зонындзинæдтæ рæзын кæнынæн. Зæгъæм,  алыхуызон сæрмагонд конструктортæ. Уыимæ сæ зындзинадмæ гæсгæ, сты алы къæпхæнтæй конд. Ам хынцын хъæуы сывæллоны кар. Цæмæй сабитæн конструкцитæ бамбарын æнцондæр уа, уый тыххæй хъомылгæнджытæ ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Арфдæр базыдтой инженерон зонындзинæдтæ æмæ сæ амонынц, 7 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн.

Ахуыртæ цæуынц, сæрмагонд федералон проект «Алы сывæллоны æнтыстдзинад» æххæст кæнгæйæ. Ацы программæ ныридæгæн кусы республикæйы скъолайы агъоммæйы кары 16 ахуыргæнæндоны. 

Ныййарджытæ стыр аргъ скодтой ног проектæн. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ сабитæ цы зонындзинæдтæ райсой, уыдон сæ, æнæмæнг, бахъæудзысты сæ дарддæры царды. 

Фидæны ацы кæстæртæн фадат уыдзæн сæрмагонд къордты робототехникæйæ архайынæн дæр. Уый та сын байгом кæндзæн ног гæнæнтæ æмæ уавæртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania