филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:52 вторник, 16 апреля 2024
31 января 2020, 15:00
Дзæуджыхъæуы æвзонг гимнасткæтæ Сочийы турнир «Морозные узоры»-йы бацахстой фыццаг бынат

Ерысты архайдтой 500 адæймаджы, Уæрæсейы алы рæттæй

Дзæуджыхъæуы æвзонг гимнасткæтæ Сочийы турнир «Морозные узоры»-йы бацахстой фыццаг бынат. Ерысты архайдтой 500 адæймаджы, Уæрæсейы алы рæттæй. Цæгат Ирыстоны кад дзы хъахъхъæдтой республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны хъомылгæнинæгтæ. Гимнасткæтæ тох кодтой хицæн æмæ къордгай фыццаг бынат бацахсыныл. Командæ «Мадмуазельки» сси фыццаг бынаты аккаг. Æвзист майдантæ райстой сывæллæтты сфæлдыстады иннæ командæ «Девчата». Хи ерысты сызгъæрин майдантæ райстой 10 адæймаджы.  Æвзист хæрзиуджыты аккаг систы фарастæй.  Бронзæтæ та радтой 6 адæймагæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania