филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:50 пятница, 19 апреля 2024
22 августа 2019, 13:08
Дзæуджыхъæуы «Алани» знон йæхи фæзы фембæлд Волгограды «Ротор»-имæ

Уый уыд Уæрæсейы Кубок рамбулыны турниры финалы 1/32-æм хай

Дзæуджыхъæуы «Алани» знон йæхи фæзы фембæлд Волгограды «Ротор»-имæ. Уый уыд Уæрæсейы Кубок рамбулыны турниры финалы 1/32-æм хай. Командæ йæ зæрдæ дардта уæлахизыл, æмæ фыдæнхъæл нæ фæци. Не мзæххонтæ фæуæлæхиз сты Волгограды «Ротор»-ыл 2:1 хыгъдæй. Афтæмæй рацыд Уæрæсейы Кубок рамбулыны 1/16 хаймæ. Фыццаг таймы тæккæ райдианæй Аланийы футболисттæ равдыстой сæ арæхстдзинад, фæлæ фыццаг гол бакъуырын бантыст сæ ныхмæлæуджытæн. Матчы астæу хыгъд сæмхуызон. Дыккаг таймы та нæ командæ размæ ракодта Бутта Магомедов. Афтæмæй Алани фæуæлахиз. Йæ радон хъазт та акæндзæн премьер-лигæйы командæимæ. Уæвгæ та не спортсменты ныфс ис, футболуарзджытæн рæсугъд æмæ цымыдисаг хъæзтытæ кæй æвдисдзысты, уымæй. Ирыстойнаг футболы хуыздæр традицитæ бахъахъхъæнын, æмæ нæ командæ уæлдæр æмвæзадмæ ракæнын. Ахæм хæстæ æвæрд ис нæ футболистты, тренерты штабы æмæ клубы разамынды раз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania