филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:13 четверг, 25 апреля 2024
30 декабря 2019, 13:04
Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ скодтой рог атлетикæйæ чемпионатæн æмæ ерыстæн

Дыууæ боны спорты галуан «Манеж»-ы Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары, Мæхъæлы республикæйы æмæ Дагестаны спортсментæ архайдтой хуыздæры ном райсыныл

Ацы азы фæстаг бонтæ хъæздыг сты спортивон цаутæй. Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ скодтой рог атлетикæйæ чемпионатæн æмæ ерыстæн. Дыууæ боны спорты галуан «Манеж»-ы Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары, Мæхъæлы республикæйы æмæ Дагестаны спортсментæ архайдтой хуыздæры ном райсыныл. Æдæппæтæй уыдысты 300 рог атлеты. Ерыс кодтой цыбыр æмæ даргъ дистанцитыл. Уыимæ – гæпп кодтой цæлхдурты сæрты дæр. Стыр æргом аздæхтой 2002-æм азы гуырд спортсментæм. Уыдон 2020-æм азы нæ регионы номæй архайдзысты Спартакиадæйы. Ацы ерысты хатдзæгтæм гæсгæ та январы сæ тыхтæ бафæлвардзысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты рог атлетикæйæ Волгогорады.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania