филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:48 среда, 24 апреля 2024
22 января 2020, 17:20
Дзæуджыхъæуы Олег Кошевойы уынджы ис, 180 азы кæуыл цæуы, ахæм бирæуæладзыгон хæдзар

Уыцы мгъуыдмæ дзы царынæн æнæмæнг хъæугæ уавæртæ афтæ дæр нæ фæзындысты

Дзæуджыхъæуы, Олег Кошевойы уынджы ис, 180 азы кæуыл цæуы, ахæм бирæуæладзыгон хæдзар. Уыцы мгъуыдмæ дзы царынæн æнæмæнг хъæугæ уавæртæ афтæ дæр нæ фæзындысты. Бæлвырддæр та цæрджытæ цух æййафынц хъармгæнæн системæйæ, электрон тыхæй æмæ канализацийæ.

Татьянæ Виниашвили Дзæуджыхъæуы Олег Кошевойы уынджы цæры ныр 60 азы онг. Сæ хæдзар раздæр уыд æмдзæрæн. Ныр йæ цæрджытæ æмбæлынц цæлхдуртыл, уымæн æмæ сæ фарстатæ лыггонд нæ цæуынц. Бæлвырддæр та хъуыддаг афтæ у, æмæ бæстыхайыл цæуы 180 азы. Фæлæ йæ ныридæгæн дæр кæлæддзагыл нæма банымадтой. Афтæмæй та дзы хъарм дæр нæй, къултæ хъуына, йæ сæр ивинаг. Цæрджытæ тæрсынц æнæ цæрæнбынатæй баззайынæй.

Хæдзарæн йæ бындур, куыд æмбæлы, афтæ арæзт не рцыди. Уый у æппæты ахсджиагдæр фарста, зæгъынц адæм. Фыццаг уæладзыг уарынты рæстæг доны бын фæвæййы. Уымæ гæсгæ къултæ дæр сты хъуына.

32 фатеры, зæгъæн ис, æмæ нæй рухс æмæ хъарм. Раздæры æмдзæрæны канализаци дæр нæй. Царджытæ архайдтой сæхи хъармгæнæн системæ сæвæрыныл, фæлæ уый фæстæ райдыдтой зындзинæдтæ.

Хæдзары цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, бæстыхай кæлæддзагыл кæй банымайдзысты, ууыл. 180 азы арæзтадæн фаг у, зæгъынц. Администрацийы дæр адæмæн баххуыс кæнынæй зæрдæ æвæрынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania