филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:31 четверг, 28 марта 2024
06 августа 2020, 12:09
Дзæуджыхъæуы слестгæнæн хайады разамонæг æмæ йæ дæлбар кусæгыл сарæзтой уголовон хъуыддæгтæ

Аххосджын сæ кæнынц, стыр гæртам райсынæй

Дзæуджыхъæуы слестгæнæн хайады разамонæг æмæ йæ дæлбар кусæгыл сарæзтой уголовон хъуыддæгтæ. Аххосджын сæ кæнынц, стыр гæртам райсынæй. Уæрæсейы слестгæнæг комитеты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы аз июлы азымджынтæ фæнд кодтой, уголовон хъуыддагмæ гæсгæ дзуапп чи лæвæрдта, ахæм адæймаджы адвокатæй гæртам райсын. Сæ фæрцы хъуамæ фыдгæнæг ахæстоны ма сбадтаид, фæлæ бафыстаид æрмæстдæр ивар. 29-æм июлы хистæр слестгæнæг адвокатæй райста гæртам. Хъуыддаг цыдис барадхъахъхъæнджыты цæстдардмæ гæсгæ. Æхца куыддæр райста, афтæ йæ уæлхъус алæууыдысты пъæлицæйæгтæ. Ныртæккæ дыууæйæ дæр сты ахст, бæрнон оргæнтæ та æвзарынц фыдракæнды æппæт æууæлтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania