филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:53 четверг, 25 апреля 2024
23 января 2020, 12:29
Дзæуджыхъæуы стадион «Спартак» нымад у нæ республикæйы сæйраг спортивон объектыл

Ныр федералон центр хорзыл банымадта стадион рацаразыны тыххæй хъæппæрис

Дзæуджыхъæуы стадион «Спартак» нымад у нæ республикæйы сæйраг спортивон объектыл. Цæуы йыл 60 азы онг. Уыцы мгъуыдмæ бындуронæй цалцæггонд никуы уыди. Ныр федералон центр хорзыл банымадта стадион рацаразыны тыххæй хъæппæрис. Арæзтадон куыстытæ фæнд кæнынц къæпхæнгай кæнын. Ныртæккæ куыст цæуы проектыл. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ирыстоны футболы истори райдыдта ивгъуыд æнусы 60-йæм азты. Цалынмæ нæ республикæйы спортивон кой афтæ тынг нæ айхъуысти, уæдмæ Дзæуджыхъæуы арæзт цыди стадион «Спартак». 60 азмæ сæйраг спортивон объект бындуронæй цалцæггонд нæ цыди. Стадионы рацарæзты тыххæй фыццаг хатт ныхас цыди дыууæ азы размæ. Ацы фарста фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Уæрæсейы хицауады сæрдаримæ фембæлды. Федералон центр хъæппæрис банымадта хорзыл. Райдыдтой цæттæгæнæн куыстытæ, бацæттæ кодтой проектон-сметон документаци. Ивгъуыд азы кæрон та рацарæзтæн фæрæзтæ бавæрдтой бюджеты. 

Арæзтадон куыстытæ фæнд кæнынц къæпхæнгай кæнын, уыимæ дыууæ азы дæргъы. Рацарæзтыл схардз кæндзысты 1 миллиард æмæ 700 милуан сомы. Ныртæккæ куыст цæуы проектыл. Сæйраг хæс у – стадионы бынæтты бæрц бахъахъхъæнын. Уыдон та сты 30 минæй фылдæр.

Бирæ рæстæг «Спартак»-ы рекорд ничи сæвæрдта. Ома уыд, адæм æппæтæй фылдæр кæдæм цыдысты, ахæм стадион. Хæдзарон матчтæм цыдысты, куыд бæрæгбонмæ, афтæ. Уæгъд бынæттæ дзы уæвгæ дæр нæ уыд. Дыууæ трибунæйы ныртæккæ сты кæлæддзаг уавæры. Иумæ дзы спортуарзджыты нæ уадзынц æппындæр. Фæстаг рæстæг футболмæ уарзондзинад ногæй парахат кæны.

Стадион «Спартак» – уый канд дыууæ футболон клубы хæдзар нæу, фæлæ ма алыхуызон  секциты æмæ спортивон скъолаты бынат дæр. Ам арæх арæзт фæцæуынц чемпионаттæ æмæ ерыстæ. Уымæ гæсгæ стадионы рацарæзтмæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсы Цæгат Ирыстоны æппæт спортивон æхсæнад дæр. Стадионæн ис стыр нысаниуæг. Цæстыгагуыйау хъахъхъæны ирыстойнаг футболы истори. Федта стыр уæлахизтæ, уæдæ æвдисæн уыд хæрды цæссыгтæн дæр. Бирæ хæттыты дзы-иу уыди 40 мин адæмйагмæ ввахс. Стадион «Спартак» кæддæриддæр уыд нæ республикæйы футболон бинонты æнæивгæ хай. Уыимæ йын йæ тыхыл тых чи фтыдта, ахæм хай.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania