филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:13 пятница, 19 апреля 2024
31 августа 2020, 12:52
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 1-æм поликлиникæйы дохтыртæ рахызтысты сæ æрвылбоны куысты фæткмæ

Иннæтæ та поликлиникæйы дывæр куыст кодтой

Адæймаджы миниуджытæ зын сахат рабæрæг вæййынц, зæгъы ирон æмбисонд. Æмæ æцæгæй дæр, пандемияйы рæстæг бирæтæ, уæлдайдæр та дохтыртæ равдыстой сæ хуыздæр миниуджытæ. Нæ фæтарстысты, æмæ бацыдысты, сырх зонæ кæй хонæм, уыцы хаймæ. Афтæмæй сæхи æнæниздзинадæн тæссаг уавæрты æххуыс кодтой ковидæй рынчынтæн. Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 1-æм поликлиникæйы дохтыртæй дæр бирæтæ сæхи нæ фæаууон кодтой. Иннæтæ та поликлиникæйы дывæр куыст кодтой.

Хи хъахъхъæныны уæлæдарæс, буармæ æнæбандзæвгæ тæвдбарæн, короновирус бæрæггæнæн фæрæзтæ. Сывæллæтты дохтыр Айляраты Маринæ йæхи цæттæ кæны радон рынчынмæ. Йе мкусæг Тебиаты Каринæимæ пандемийæйы рæстæг фæцæуынц чысыл пациенттæм.

Сывæллæтты 1-æм поликлиникæйы дохтыртæй бирæтæ барвæндонæй бацыдысты  рынчындоны сырх зонæмæ. Хирург Тогъуызты Жанеттæ майæ фæстæмæ куыста республикон клиникон рынчындоны. Анæхуыр куысты уавæртæм сахуыр кæнын æнцон нæ уыд.   

Йæхи нæ аиуварс кодта травматолог-ортопед Бигъуылаты Беллæ дæр. Пандемийæйы рæстæг куыста Æрыдоны рынчындоны.

Алы рынчындæтты  сырх зонæйы чи куыста, уыдон зæгъынц, поликлиникæйы чи баззад, уыдоны фæллой дæр хъазуатоныл банымайæн ис. Уымæн æмæ сæ уæхсчытыл дыууæ хатты фылдæр уаргъ æрынцад. Ныртæккæ дохтыртæн сæ фылдæр  рахызтысты сæ æрвылбоны куысты фæткмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania