филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:06 четверг, 25 апреля 2024
07 ноября 2019, 17:59
Дзæуджыхъæуы та байгом сты Хуссайраг дуæрттæ

Амалхъомдзинады æмгуыстады æмæ экономикон ахастдзинæдты райрæзты форум «Южные ворота»

Дзæуджыхъæуы та байгом сты Хуссайраг дуæрттæ. Амалхъомдзинады æмгуыстады æмæ экономикон ахастдзинæдты райрæзты форум «Южные ворота». Архайынц дзы Уæрæсейы регионты æмæ фæсарæйнаг бæстæты минæвæрттæ. Æппæтадæмон экономикон форум аразынц æрвылаз. Азæй азмæ рæзы йæ архайджыты нымæц, уæрæхдæр кæны йæ географи. Стендтыл равæрдтой алыхуызон товартæ: уæлæдарæс æмæ хæххон кæрдæджытæй цай, дзидза æмæ æхсыры продукци, арæзтадон æрмæджытæ. Амалхъомдзинады æппæтадæмон фембæлд Цæгат Ирыстоны сарæзта  æххуысы фонд. Куыд сбæрæг ис, афтæмæй æппæты хъомысджындæр базарадон ахастдзинæдтыл банымадтой Турк, Азербайджан, Белорусси æмæ Иранимæ æмгуыстад. Фидæны уыцы бæстæтимæ æмгуыстадмæ аздахдзысты фылдæр æргом. Фыццаджыдæр та туристон амалхъомдзинады райрæзтмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania