филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:54 четверг, 25 апреля 2024
27 октября 2020, 13:35
Дзæуджыхъæуы таджикаг æхсæнад «Памир» бæрæг кæны йæ юбилей

Диаспорæйы уæнгтæн раарфæ кæнынмæ уазджытæ æрбацыдысты Таджикистаны минæварадæй Мæскуыйæ

Дзæуджыхъæуы таджикаг æхсæнад «Памир» бæрæг кæны йæ юбилей. Сæххæст ыл 10 азы. Диаспорæйы уæнгтæн раарфæ кæнынмæ уазджытæ æрбацыдысты Таджикистаны минæварадæй Мæскуыйæ. Бæрæгбоны мадзæлтты архайдтой Цæгат Ирыстоны нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады уæнгтæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан, æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ. «Памир»-ы уæнгтæн арфæйы ныхæстæ æрбарвыста республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Арфæйы фыстæджы куыд бафиппайдта, афтæмæй сæ организаци активонæй архайы регионы æхсæнадон царды. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныртæккæ диаспорæйы уæнгты нымæц у 500 адæймагæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania