филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:22 пятница, 19 апреля 2024
22 ноября 2019, 15:15
Дзæуджыхъæуы цæуынц Цæгат Ирыстоны Кубок рамбулыны ерыстæ аивадон гимнастикæйæ

Ерысты архайынц 300 спортсменкæйы Уæрæсейы 10 горæтæй

Дзæуджыхъæуы цæуынц Цæгат Ирыстоны Кубок рамбулыны ерыстæ аивадон гимнастикæйæ. Ерысты архайынц 300 спортсменкæйы Уæрæсейы 10 горæтæй: Краснодарæй, Волгоградæй, Нефткумскæй, Сочийæ, Нижневартовскæй, Налцыккæй, Кисловодскæй, Мæздæгæй, Марксæй æмæ Дзæуджыхъæуæй. Æртæ боны ерыс кæндзысты цалдæр программæты: фыццаг разряды, спорты мастертæм æмæ спорты мастерты кандидаттæм гæсгæ. Уымæй дарддæр 30 командæйы архайдзысты къордты фæлтæрæнты майдантæ рамбулыныл. Фыццаг бон гимнасткæтæ ерхайдтой æнæ предметтæй, обручтимæ æмæ булавæтимæ. Знон æрыгон спортсменкæтæ ерыс кодтой пурти æмæ гæпкæнæнимæ. Абон та командæтæ сæхи фæлвардзысты къордты. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ сбæлвырд кæндзысты нæ республикæйы иугонд командæйы хыгъд. Бацæудзысты йæм алы категориты хуыздæр гимнасткæтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania