филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:47 среда, 24 апреля 2024
24 января 2020, 16:25
Дзæуджыхъæуы уыд фæсивæдон æхсæнадон Советы æмбырд

Ныхас кодтой нæ бæстæйы Уæлахизы 75 азы бонимæ баст кадджын мадзæлтты тыххæй дæр

Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæдон политикæ, физкультурæ æмæ спорты комитеты разамонæг Фидараты Асланы разамындæй уыд фæсивæдон æхсæнадон Советы æмбырд. Хаст æм  æрцыдысты горæты  спортивон скъолаты разамонджытæ, республикæйы парламенты депутаттæ, фæсивæдон Парламенты депутаттæ, спорты Министрады минæвæрттæ.  Архайджытæ ныхасы рæстæг фæнысан кодтой сæ хъуыдытæ, уыимæ бакуыстой ацы азы мадзæлтты сæйраг пъланыл. Афтæмæй, 2020-æм азы олимпаг спорты хъæзтытимæ баст ерыстæ фæфылдæр уыдзысты. Ныхас кодтой нæ бæстæйы Уæлахизы 75 азы бонимæ баст кадджын мадзæлтты тыххæй дæр. Сæрмагондæй патриотон хъомыладыл цавæр куыст цæуы æмæ ма цавæр уæлæмхасæн хъуыддæгтæ аразын хъæуы, ууыл. Фæсивæды уæнгтæ æмбæлдзысты ветерантимæ. Уый фæлгæты кусдзæн сæрмагонд комитет, спортивон æмæ культурон мадзæлттæ чи бæрæг кæндзæн, ахæм дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania