филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:05 пятница, 19 апреля 2024
28 января 2020, 17:40
Дзæуджыхъæуы уыд Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Днепровскийы номарæн турнир паралимпаг фехтованийæ

Ерыстæ сты æрвылазон, ныр сæ сарæзтой 5-æм хатт

Дзæуджыхъæуы уыд Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Днепровскийы номарæн турнир паралимпаг фехтованийæ. Ерыстæ сты æрвылазон, ныр сæ сарæзтой 5-æм хатт. Финалон фембæлдмæ бакастысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон секретарь Ортабайты Тимур æмæ Фонд «Быть добру»-ы разамонæг Хъуысаты Амырхан. Уыдон бафиппайдтой спортсменты тырныдзинад уæлахизмæ. Уазджытæ бахынцтой сæ тренерты стыр куыст, стæй сæ архайд нæ республикæйы фехтованийы спорты хуызы райрæзтмæ. Турниры уæлахиздзаутæ систы Салхъазанты Даниил, Тамара Бабенко, Чиуиты Тамерлан æмæ Джимиты Ася. Ерысты архайджытæ се ппæт дæр хорзæгонд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania