филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:22 пятница, 29 марта 2024
25 февраля 2020, 18:16
Джыккайты Шамилæн у йæ мысæн бон

У бирæ монографиты æмæ наукон куыстыты автор

Ахуыргонд-филолог, поэт æмæ æхсæнадон архайæг, ирон дзырды дæсны. Фыста æрмæстдæр æцæгдзинад æмæ зæрдæйы фæндмæ гæсгæ. Абон Джыккайты Шамилæн у йæ мысæн бон. У бирæ монографиты æмæ наукон куыстыты автор. Йæ фæллойы фæндаг Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдта 1970-йæм азты. 1990-æм азы та ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультет куы байгом, уæд Шамиль сси ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, 1996-æм азæй та ирон литературон сфæлдыстады кафедрæйы сæргълæууæг. Фольклор æмæ литературæйы фæдыл ныффыста 150  куыстæй фылдæр. Уыимæ уырыссаг æвзагыл фыст «Осетинская литература. Краткий очерк», стæй «Ирон литературæйы истори». Уæлдæр ахуыргæнæндæттæн æмæ скъолатæн  рауагъта ирон фольклор æмæ литературæйы ахуырадон программæтæ. У 8-æм къласы ахуырдзаутæн ирон литературæйы чиныджы автор. Джыккайты Шамилы цард аскъуыд фыдгæнæджы къухæй 26-æм майы 2011-æм азы, Редантмæ хæстæг ран.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania