филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:46 суббота, 20 апреля 2024
12 ноября 2019, 18:04
Экологон æгъдауæй сыгъдæг хæдзар сарæзта дзæуджыхъæуккаг Бигъуылаты Алан

Экологон æгъдауæй сыгъдæг хæдзар сарæзта дзæуджыхъæуккаг Бигъуылаты Алан. Йæ аразыны технологиимæ йын базонгæ Астæуккаг Азийы. Уым бæстон æркасти, хъæмпæй цы хæдзæрттæ аразынц, уыдонмæ. Æмæ йæ бафæндыд ахæм цæрæн бынат йæ райгуырæн горæты саразын. Уæвгæ йæм уыцы бæллиц тынг рагæй уыд. Уымæн æмæ йæ зоны, хъæмпæй арæзт къултæ цыфæнды боныхъæды дæр хæдзары мидæгæй бахъахъхъæнынц æмбæлгæ температурæ. Алан уал фыццаджыдæр скодта хъæдæй дыууæ фарсæй каркас. Се хсæн та бавгæдта хъæмп. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй фыццаг хатт ахæм хæдзар куы федта, уæд йæ зæрдыл адæмон аргъæуттæ æрлæууыдысты. Фæлæ фарстамæ бæстондæр куы ркасти, уæд æй бамбæрста, раздæры адæм куыд æрхъуыдыджын уыдысты, уый. Базонгæ фæлтæрдджын специалисттимæ, æмæ йын уыдон радзырдтой æппæт сусæгдзинæдты тыххæй. Ацы уникалон хæдзарыл куыстой архитектор, дизайнер, фæлæ аразæг та уыди йæхæдæг. Уымæн æмæ бынæттон аразджытæм ахæм фæлтæрддзинад нæ уыди. Бигъуылаты Алан дисы бафтыдта куыд йæ хиуæтты, атфæ республикæйы æппæт цæрджыты дæр. Уазæгуаты йæм чи рбацæуы, уыдоны уырнгæ дæр нæ фæкæны, æрдзон æрмæгæй арæзт у, уый. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ хъæмпæй хæдзар сыгъдæг экологийæ дарддæр ма кæны фæстауæрц дæр. Ацы хæдзар арæзт цыди афæдзæй гыццыл фылдæр. Фæлæ дзы чи цæры, уыдоны та хъарм кæндзæн бирæ азты дæргъы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania