филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:14 пятница, 29 марта 2024
24 декабря 2019, 12:19
Элистайы арæзт æрцыд æрвылазон Æппæтурæрæсеон турнир армрестлингæй «Хъалмыхъы хæлардзинады Кубок»

Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны иугонд командæ бацахста фыццаг бынат.

Элистайы арæзт æрцыд æрвылазон Æппæтурæрæсеон турнир армрестлингæй «Хъалмыхъы хæлардзинады Кубок». Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны иугонд командæ бацахста фыццаг бынат. Уæлахиздзаутæ систы Лекъойты Зауыр, Мæхъиты Георгий, Гуæцæлты Никæ, Цæбиты Дианæ, Гуызиттаты Дианæ æмæ Дудиаты Дианæ. Æвзист майдантæ рамбылдтой Бутаты Азæмæт æмæ Æлборты Аланæ. Бронзæ хæрзиуæджы аккаг та сси Быценты Илонæ. Профессионалты хсæн пъедесталы уæлдæр къæпхæнмæ схызти Плиты Беллæ, Хъаирты Мæдинæ, Скъиаты Ортан, Золойты Хадзымурат. Дыккаг бынаты сты Хортиты Оксанæ æмæ Хъариаты Мурат. Турниры ма архайдтой, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсментæ дæр. 80 килограммы уæзы галиу къухæй хæцгæйæ хуыздæр сси Цъæхилты Греф. Профессионалты хсæн та чемпион сси Биазырты Валерий. Элистайы ерыстæн ис бæрзонд статус. Йæ уæлахиздзаутæ æххæст кæнынц Уæрæсейы спорты мастеры норматив. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ  нæ республикæйы делегацийы уыд æппæтæй фылдæр адæм. Ацы хатт Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæдтой 50 адæймаджы. Ацы кадртæ нын сæрвыстой не мкусджытæ Хъалмыхъы телерадиокомпанийæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania