филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:22 суббота, 20 апреля 2024
24 июня 2019, 12:20
Фæлтæрдджын мастертæ æмæ æрыгон аразджытæ

Сæ дæсныйады хуыздæрты номыл конкурс строймастеры ерыс кæндзысты амайджытæ, штукатуртæ, плиткæ æвæрджытæ, æндадзджытæ.

Фæлтæрдджын мастертæ æмæ æрыгон аразджытæ. Сæ дæсныйады хуыздæрты номыл конкурс строймастеры ерыс кæндзысты амайджытæ, штукатуртæ, плиткæ æвæрджытæ, æндадзджытæ. Æппæтæн дæр ис уыцы иу уавæртæ — кусæнгæрзтæ, техникон хæслæвæрд æмæ бæлвырд рæстæг. Æдæппæтæй турниры архайы æртын фондз адæймаджы. Конкурс строймастеры федералон къæпхæн аразынц фæндзæм профессионалон училищæйы æмæ арæзтадон техникумы. Ерыс кæнынц куыд теоретикон, афтæ практикон æгъдауæй. Темæ дарддæр хæццæ кæны Гуытъиаты Алинæ.
Цæгат Кавказы федералон зылды хуыздæр дурамайджытæ æрæмбырд сты иу агъуысты. Ацы тыхджын командæ йæ тыхтæ æвзардзæнис конкурс Строймастеры. Хуыздæртимæ ис, йæ дæсныйады нырма фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уый — арæзтадон техникумы студент Калоты Вадим. Чи зоны, æмæ йын абон æнцон нæ уыдзæнис, фæлæ лæппу æмбары — дæсныдзинад æм фæлтæрдзинадимæ кæй æрбацæудзæн, уый.
Фæлтæрдджын мастертæ æмæ æрыгон аразджытæ. Сæ дæсныйады хуыздæрты номыл ерыс кæндзысты амайджытæ, штукатуртæ, плиткæ æвæрджытæ, æндадзджытæ. Æппæтæн дæр ис уыцы-иу уавæртæ — инструменттæ, техникон хæслæвæрд æмæ бæлвырд рæстæг. Æдæппæтæй турниры архайы æртын фондз адæймаджы.
Конкурс строймастеры федералон къæпхæн аразынц фæндзæм профессионалон училищæйы æмæ арæзтадон техникумы. Ерыс кæнынц куыд теоретикон, афтæ практикон уагæй дæр. Алы дæсныйадæн дæр ис йæхи сæрмагонд хæслæвæрд. Куыстытæ та сбæрæг кæндзæнис жюри.
Мансур Эдиев у фароны конкурсы уæлахиздзау. Æндадзæн аппарат фыццаг хатт йæ къухтæм райста, иуæндæс азы йыл куы цыд, уæд. Мансур йæ куыст нымайы сфæлдыстадыл. Ацы аз конкурсы архайы, цæмæй йæ фароны уæлахиз ногæй сфидар кæна, уый тыххæй.
Аразджыты профессионалон дæсныйады конкурс аразынц 2010-æм азæй фæстæмæ. Йæ нысан у фæсивæд фæллоймæ æмхиц кæнын, стæй кусæг дæсныйæдтæ æрыгон фæлтæры хсæн парахат кæнын.
Ацы къæпхæны уæлахиздзаутæ ацæудзысты ерысы финалмæ Мæскуыйы. Сарадзысты йæ аразæджы боны фæлгæты. Лауреаттæ райсдзысты дипломтæ æмæ æхцайы призтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania