филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:42 четверг, 25 апреля 2024
10 июня 2020, 17:00
Фæстаг мæйты уавæртæ хынцгæйæ, бирæ куыстуæттæ рахызтысты дæрддзæфмæ куыстмæ

Уыимæ районты газетты æмæ журналты архайд иу бон дæр нæ банцад

Фæстаг мæйты уавæртæ хынцгæйæ, бирæ куыстуæттæ рахызтысты дæрддзæфмæ куыстмæ. Уыимæ районты газетты æмæ журналты архайд иу бон дæр нæ банцад. Редакциты кусджытæ сæ хæстæ æххæст кæнынц сæ хæдзартты, интернеты фæрцы. Ныр се стырдæр тыхст у сæ рафыссыны рæстæг кæй ралæууыд, æмæ адæмæй ку ферох уа сæ рафыссын, уый.

Æрæфы районы газет «Ирæф» адæмæн лæггадæ кæны бирæ азты дæргъы. У цæрджыты æмбал, сæ хабархæссæг. Коллектив зæрдиагæй бакусы аллы номеры хæрзгъæддзинадыл дæр, йæ кæсджыты фæндтæ хынцгæйæ.

«Ирæф» ма схонæн ис , районы хъæутæ иугæнæг фæрæз. Йæ сæйраг редактор Дзоблаты Ларисæйы ныхæстæм  гæсгæ сæ зæрдæ дарынц сæ уарзон рафысджытыл. 

Уæдæ  республикон журнал «Ирæф» дæр æнхъæлмæ кæсы йæ кæсджыты фарсхæстмæ. Йæ редакцийы сфæлдистадон къорды хъуыдымæ гæсгæ сæ фæллой адæмы зæрдæмæ дарддæр дæр  цæудзæн, пайдайаг уыдзæн кæстæрты зондахаст фылдæр кæнынæн.

Рæхджы рацæудзæн æ æртыккаг номыр æмæ та æ мидисджын æрмæджытæй барухс кæндзæн йæ кæсджыты зæрдæтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania