филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:34 среда, 24 апреля 2024
25 сентября 2020, 14:39
Фæстаг рæстæг сбирæ сты интернет-фыдгæнджытæ

Зонгæтæн сæвзæрын кæнынц тыхст уавæртæ, хиуæтты скæнынц кæуынтыл, афтæмæй æрхъуыдыгонд бæллæхæй адæмæй фæсайынц æхцатæ

Зонгæтæн сæвзæрын кæнынц тыхст уавæртæ, хиуæтты скæнынц кæуынтыл, афтæмæй æрхъуыдыгонд бæллæхæй адæмæй фæсайынц æхцатæ. Фæстаг рæстæг сбирæ сты интернет-фыдгæнджытæ. Цæстфæлдахæн миты фæрцы социалон хызты бацæуынц кæйдæр аккаунттæм, æмæ уым сайæн митæй, адæмæй фæкурынц материалон æххуыс. Арæхдæр ныффыссынц, сывæллон уæззау рынчын у, æмæ йын хъæуы æвæстиаты æххуыс, зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæты бауырны, æмæ сын сæ хыгъдмæ барвитынц æхца.

Ирина Захарова нырмæ дæр уыцы цауы тыххæй мæстджын у. Социалон хызты йæ чызджы къамтæ æмæ текст, Иринæйы номæй фыст. Цыма адæмæн лæгъстæ кæны, цæмæй йын баххуыс кæной æхцайæ йæ сывæллоны фервæзын кæнынæн. Тексты цæстфæлдахджытæ куыд ныффыстой, афтæмæй Иринæйы сывæллон бахауди фæндаггон фыдбылызы. Бирæтæ ацы мæнг информацийыл баууæндыдысты.

Йæ инстаграммæ Иринæйæн йæ бон бацæуын нæ уыдис сахаты бæрц. Интернет – фыдгæнджытæ йын æй сæхгæдтой. Уыцы рæстæгæй спайда кодтой, æмæ Иринæйы зонгæтæм, хиуæттæм, йе мкусджытæм арвыстой æхца кæм куырдтой, ахæм смс хъусынгæнинæгтæ. Æхца чи æрвыста, уыцы адæм фыстой æмæ фарстой сывæллон куыд у, уымæй. Иринæйы номæй  дзуапп лæвæрдтой активонæй.

Ахæм цау, хъыгагæн фыццаг нæу. Фыдгæнджытæ социалон хызты ссарынц цæстфæлдахæн миты ног формæтæ. Æмæ адæмæй сайынц æхца.

Ирина Захаровайы хъуыддагмæ йæ цæст дары мидхъуыддæгты министрад. Фæлæ сæ бафхæрын, Иринæйы хъуыдымæ гæсгæ фаг нæу. Ацы хъуыддаг хъæуы апарахат кæнын, цæмæй йæ фылдæр адæм базоной, æмæ ахæм сайды мауал бахауой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania