филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:58 четверг, 25 апреля 2024
03 апреля 2020, 11:10
Фонд «Быть добру» æххуыс кæны фæкæсынхъуаг адæмæн

Фонды волонтертæ ма се ппæты зæрдыл иу хатт лæууын кæнынц – æнæхъæугæйæ сæ хæдзæрттæй макуыдæм цæуæд

Фонд «Быть добру»-йы уæнгтæ хæрзаудæн куыст рагæй кæнынц. Уæлдай ахджиагдæр æмæ хъæугæ та у ацы рæстæг. Уымæн æмæ бирæ фæкæсынхъуаг адæм бадынц сæ хæдзæртты, æмæ æнхъæлмæ кæсынц æххуысмæ. Фонды волонтертæ ма се ппæты зæрдыл иу хатт лæууын кæнынц – æнæхъæугæйæ сæ хæдзæрттæй макуыдæм цæуæд. Уыцы нысанимæ 3000 фыстæджы бахастой Сæйраг почтамтмæ. Уым сæ бавæрдзысты газетты хуылфыты.

Индирæ Зоринайæн фонд «Быть добру»-йы уæнгтæ рагæй æххуыс кæнынц. Ацы хатт та йын баххуыс кодтой йæ чызджы скъоламæ сæмбырд кæнын, æмæ йын уалдзæгмæ самал кодтой  уæлæдарæс. Ахæм радон хæрзаудæн куыст тынг хъæугæ æмæ афоныл разынд.

Волонтертæ ма се ппæты зæрдыл иу хатт лæууын кæнынц – æнæ уæлдай аххосагæй сæ хæдзæрттæй макуыдæм цæуæд. Анжелика Волконогова у бирæсывæллонджын мад. Ис ын 5 сывæллоны æмæ иууылдæр иумæ бадынц сæ хæдзары. 

Ацæргæ, æмæ иунæгæй чи цæры, уыцы адæмæн бархионтæ цæттæ сты баххуыс кæнынмæ. Бæлвырддæр та сын сæ бон баласын у æнæмæнг хъæугæ хойраджы продукттæ. Хæдзæрттæм бацæуæнты цур палаткæтыл та ныффыстой комкоммæ телефоны номыртæ æмæ ахсджиаг амынддзинæдтæ. 3000 фыстæджы бахастой Сæйраг почтамтмæ. Уым сæ бавæрдзысты газетты хуылфыты. Афтæмæй ма иу хатт се ппæты зæрдыл æрлæууын кæндзысты, нæ республикæйы æнæмæнг хи изоляцийы фæтк æххæст кæнын кæй хъæуы, уый

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania