филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:45 четверг, 25 апреля 2024
07 февраля 2020, 15:46
Фонд «Воскресение»-йы минæвæрттæ фембæлдысты 58-æм æфсады службæгæнджытимæ

Уым фонды Генералон директор Александр Каньшин раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны ветерантæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизмæ æгæрон æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй

Уæрæсейы Федерацийы гæрзифтонг тыхты сæйраг – Чырыстийы Райгасы номыл аргъуаны арæзтадыл чи кусы, уыцы хæрзаудæн фонд «Воскресение»-йы минæвæрттæ Дзæуджыхъæуккаг гарнизоны офицерты Хæдзары фембæлдысты 58-æм æфсады службæгæнджытимæ. Уым фонды Генералон директор Александр Каньшин раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны ветерантæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизмæ æгæрон æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй. Уыимæ разы сты ныртæккæйы æфсæддонты архайдæй дæр. Фыдыбæстæйы раз сæ хæс дæттынц, куыд æмбæлы, афтæ. Стыр æргом аздæхтой ног аргъуаны арæзтады темæмæ. Йæхи фæрæзтæ йæм чи бахаста, æмæ арæзтады тыххæй хъусынгæнинаг чи парахат кодта, уыдон дæр фонды номæй æрцыдысты хорзæхгонд. Ахæм арфæйы фыстæг бацæттæ кодтой нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы номыл дæр. 

Офицертимæ фембæлды фæстæ хæрзаудæн фонды минæвæрттæ æмбырд сарæзтой республикæйы ветеранты советы хæдзары. Кадджын уавæры сын радтой Аргъуаны нывимæ штандарт æмæ фонд «Воскресение»-йы логотип. Ветерантæн та радтой арфæйы фыстæджытæ. Кæронбæттæны æмбырдуавæджыты зæрдæтæ барухс кодта Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Вадим Ананьев. Азарыд зындгонд композицитæ италиаг æмæ китайаг æвзæгтыл. Фонд «Воскресение» ма презентаци скодта аргъуаны дзæнгæрæджы къопийæн. Ратдзысты йæ Беслæны скъолайæн. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ ног аргъуан йæ фæзуатмæ гæсгæ уыдзæн æртыккаг, Храм Христа Спасителя æмæ Исаакиевский соборы фæстæ. Байгом æй кæндзысты Уæлахизы боны агъоммæ æфсæддон-патриотон парк «Патриот»-ы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania