филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 пятница, 19 апреля 2024
18 сентября 2019, 12:01
Фыййагдоны райдыдта æрыгон политолæгты æртыккаг форум

Ахуырадон фæзуаттæй иуы, фæсивæд фембæлд Уæрæсейы президенты цур арæзт æхсæнадон проектты разамынды хицау Сергей Новиковимæ

Фыййагдоны райдыдта æрыгон политолæгты æртыккаг форум. Ахуырадон фæзуаттæй иуы, фæсивæд фембæлд Уæрæсейы президенты цур арæзт æхсæнадон проектты разамынды хицау Сергей Новиковимæ. Уый радзырдта æддагон æмæ нæ бæстæйы мидæг политикон уавæры тыххæй. Фæнысан кодта президенты апараты ахсджиаг архайд цæй мидæг ис, уый. Йæ хъуыдымæ гæсгæ нæ бæстæйы райрæзт бирæ аразгæ у хорз информацион тыхдадæй. Æмæ сын загъта, Уæрæсейæн фидæныл хъуыды кæнгæйæ хъуамæ се ргом аздахой ацы къабазмæ. Форумы архæйы нæ бæстæйы регионтæй 150 æрыгон ахуыргонды. Уæрæсейы раззагдæр специалисттæ сæ зонгæ кæнынц нæ бæстæйы цы политикон цаутæ цæуы, уыдонмæ сæм цавæр цæстынгас ис, уимæ. Амонын сын теоретикон зонындзинæдтæй практикон æгъдауæй пайда кæныныл. Форум кусдзæн 5 боны. Уыцы рæстæгмæ æрыгон ахуыргæндтæ хъуамæ сбæрæг кæной Уæрæсейы райдзаст фидæнæн, сæм цыуынынад ис, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania