филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:17 четверг, 25 апреля 2024
12 февраля 2020, 12:19
Фыццаг вице-премьер Сæбæтхъуаты Æхсарбеджы разамындæй уыд ведомствоты хсæн къамисы ацы азы фыццаг кусæг æмбырд

Ныхас цыд æнæзакъон фæллойы ныхмæ мадзæлттæ аразыныл

Фыццаг вице-премьер Сæбæтхъуаты Æхсарбеджы разамындæй уыд ведомствоты хсæн къамисы ацы азы фыццаг кусæг æмбырд. Ныхас цыд æнæзакъон фæллойы ныхмæ мадзæлттæ аразыныл. Къамисы уæнгтæ сты алы министрадты, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ муниципалон скондты разамонджытæ. Се ппæт дæр хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд азы куыстæн, æмæ снысан кодтой ацы азы куысты фæтк. Стыр æргом аздахдзысты фæллойадон ахастдзинæдтæ закъоны бындурмæ раивынмæ, æмæ Уæрæсейы Фæллойы кодексимæ баст Федералон закъонæвæрынадмæ. Сæбæтхъуаты Æхсарбег ма къамисы уæнгты зæрдыл æрлæууын кодта, сæ размæ цы ахджиаг хæстæ æвæрд ис, уый тыххæй. Зæгъæм, фарон бантыст республикæйы мингай цæрджыты æнæзакъон архайд раргом кæнын. Цæгат Ирыстоны хицауад стæй фæллойы æмæ

куыст дæттыны федералон службæйы бадзырдмæ гæсгæ, фарон нæ республикæйы закъоны архайдмæ хъуамæ раивтаиккой 9712 адæймаджы. Фæлæ сын бантыст 13 мины онг. Уыдонæй куысты ныллæууыди 12590 адæймаджы. Куыст дæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ йæ дзуапдæттæн доклады куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон 2019-æм азы 85 регионæй бацахста 26-æм бынат. Афтæмæй хыгъды фæуæлдæр 24 пункты. Хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыстой Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районтæ. Æркæсинаг ма у Дыгуры район. Æмбырды ма бафиппайдтой, 1-æм июлы онг алы куыстуаты разамонæг дæр хъуамæ кæй фехъусын кæна йæ фæллойгæнджытæн, закъонæвæрынады ивддзинæдты тыххæй. Ома хъуамæ равзарой фæллойы чиныджы хуыз, кæнæ гæххæттын, кæнæ электрон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania