филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:48 пятница, 29 марта 2024
06 августа 2020, 13:01
Гасситы Мурат афæдзы кæронмæ архайдзæн дыууæ тохы

Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев

Гасситы Мурат афæдзы кæронмæ архайдзæн дыууæ тохы. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев. Йæ ныхæстæм гæсгæ, разы нæу, спортсмен æгуыстæй ахæм дæргъвæтин рæстæг кæй баззадис, уымæй, æмæ йæ зæрдæ дары, Мураты тагъд рæстæг рингыл кæй фендзæн, ууыл. Гæнæн ис, æмæ уый уыдзæн фæззæджы астæу. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — Гасситы Мурат фæстаг хатт йæ тыхтæ бавзæрста украинаг боксер Александр Усиккимæ. Уæдæй фæстæмæ нал архайдта ерысты. Ацы аз Гасситы Мурат архайдзæн æппæты уæззаудæр уæзы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania