филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:37 суббота, 20 апреля 2024
28 октября 2020, 12:26
Горæты æнцонвадат цард, æрдæгарæзт объектты фæкъаддæр кæнын, социалон лæггæдтæм цæстдард ныхас цыди республикæйы Хицауады æмбырды

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады ведомствæйы сæргълæууæг радзырдта ацы къабазы ивддзинæдты тыххæй

Горæты æнцонвадат цард, æрдæгарæзт объектты фæкъаддæр кæнын, социалон лæггæдтæм цæстдард. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыди республикæйы Хицауады æмбырды. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады ведомствæйы сæргълæууæг радзырдта ацы къабазы ивддзинæдты тыххæй. Ныхас цыди республикæйы районты хсæн иннæ азæн субсидитæ уарыны фарстайыл. Æмхæццæ бюджетæй дихгонд æрцæудзæн 176 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæй хъуамæ базилой 36 æхсæнадон территоримæ æмæ 88 кæртмæ. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй, проект æххæстгæнгæйæ,  хъуыды кæнын хъæуы цæрджыты фæндонтæ дæр. Ахæм куыст кæнын хъæуы, социалон нысаниуæг кæмæн ис, республикæйы ахæм бынæттæ æхсæнадон транспортæй ифтонг кæныны фарстайы. Афтæ, транспорты министрады разамонæг Мæрзойты Владимир доклад скодта ивддзинæдты тыххæй. Маршрутты иу хай ивд æрцæудзæни ахсджиагдæр бынæттæм. Ахæм уынаффæ рахастой мониторинджы хатдзæгтæм гæсгæ. Афтæмæй баххæст кæндзысты, ацы къабазы амалхъом адæм цы æфтиæгтæ нæ райстой, уыдон.

Æмбырды ныхас цыди социалон лæггæдты къабазмæ цæстдардыл дæр. Афтæ арæзт æрцыди, паддзахадон чи не сты, ахæм 6 æмæ 27 ведомствæйы бæрны чи и, ахæм структурæтæ.  Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй цæрджытæ хъуымæ исой хæрзхъæд социалон лæггæддæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, бæрнон цæстдард хъæуы паддзахадон исбонады объектты эксплуатацийы дæттыны æмæ проекттæ аразыны хъуыддагмæ. Фæткы домæнты тыххæй бæстонæй радзырдта арæзтады æмæ архитектурæйы министр Тотыккаты Артур. Хицауады сæрдар бахаста фиппаинæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania