30 декабря 2020, 11:31
Хъæбысæйхæцджыты академи «Таймазов тим»-ы хъомылгæнинæгтæ ацы азы хатдзæгты тыххæй райстой премитæ
Уæрæсейы алыхуызон ерысты майдантæ чи рамбылдта, ахæм 16 спортсмены систы хæрзиуджыты аккаг
Хъæбысæйхæцджыты академи «Таймазов тим»-ы хъомылгæнинæгтæ ацы азы хатдзæгты тыххæй райстой премитæ. Уæрæсейы алыхуызон ерысты майдантæ чи рамбылдта, ахæм 16 спортсмены систы хæрзиуджыты аккаг. Се хсæн 4 спортсмены 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ, 6-æй 21 азы онг, 5-æй удысты 21 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ, иу та 23 азы онг. Арфæйы ныхæстæ хъуыстысты Уæрæсейы сгуыхт тренер Дедегкаты Хъазыбеджы номыл дæр. Æрæджы сбæрæг кодта йе 75 азы юбилей.