филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:09 четверг, 28 марта 2024
04 июня 2020, 16:13
Хъæды хæдзарады кусджытæ æрдз бахъахъхъæныны фарстайыл æнæрынцойæ кусынц

Алы бон дæр рацæуынц рейдты æмæ бæрæг кæнынц территоритæ

Хъæды хæдзарады кусджытæ æрдз бахъахъхъæныны фарстайыл æнæрынцойæ кусынц. Алы бон дæр рацæуынц рейдты æмæ бæрæг кæнынц территоритæ. Сæ хæстæм бирæ хъуыддæгтæ хауы: бæлæсты уавæр бæрæг кæнын, æнæзакъонæй сæ калын ма бауадзын, зынгсирвæзтытæ хуыссын кæнын.

Бутаты Роман gps-навигаторæй арæх нæ пайда кæны, уымæн æмæ Алагиры районы хъæды хæдзарад бæлвырд зоны. Сæ участоктыл инспектортæ æрзилынц алы бон дæр. Сæ сæйрагдæр нысан у хъæды фонд бахъахъхъæнын. Уæвгæ та сæ хæстæ чысыл не сты. Уырдæм хауынц – бæлæстæ æнæзакъонæй калын ма бауадзын, хус кæрдæг кæм ис, уыцы бынæттæ бæрæг кæнын, зынгсирвæзтытæ хуыссын кæнын æмæ сæ бахизын.

Алагиры районы хъæды хæдзарад арæзт у 34 мин гектарæй. Дихгонд æрцыдысты 5 участокыл. Зæгъæм, Садоны участокыл ис бирæ нæзы бæлæстæ. Уым тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Уымæ гæсгæ ам ахсджиаг у æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын. Хæдзарады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фылдæр хæттыты зынгсирвæзт хъæддаг æрдзы хайы не рцæуы, фæлæ адæймаг кæдæм бахæццæ вæййы, уым. Хъæды хæдзарады территорийы сæвæрынц сæрмагонд бынæттæ фæллад уадзынæн, æмæ тамако дымынæн дæр, цæмæй æвиппайды арт ма апарахат уа, уый тыххæй. 

Хъæды фонд бахъахъхъæнын аразгæ у хæдзарады кусджыты уавæртæй дæр. Ног машинæтæ сын фадат дæттынц бæрæггæнæн куыст ахадгæйæдæр кæнынæн. Арæзт цæуынц уæладзыгон цæстдарæн объекттæ, цæмæй инспектортæн æнцондæр уа æппæт территоримæ кæсын. Ахадгæ куыст цæуы зайæгойтимæ дæр. 

Цы беседкæтæ дзы сæвæрдтой, уым туристтæ ныууагътой сæ къухфыстытæ. Сæ фарсмæ та асхджиаг хъусынгæнинæгтæ. Æрдз домы аудгæ ахастдзинад. Уымæн æмæ йæ æрмæст афтæмæй ис бахъахъхъæнæн фидæны фæлтæртæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania