филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:20 суббота, 20 апреля 2024
13 августа 2019, 13:03
Хæххон дугъы æппæтадæмон турниры уæлахиздзау сси Цæгат Ирыстоны цæрæг Гаджиты Автандил

61 аздзыд нæлгоймагæн йæ къухы бафтыд 46 км æнæкъуылымпыйæ дугъы ацæуын, уыимæ, хæххон уавæрты

Хæххон дугъы æппæтадæмон турниры уæлахиздзау сси Цæгат Ирыстоны цæрæг Гаджиты Автандил. 61 аздзыд нæлгоймагæн йæ къухы бафтыд 46 км æнæкъуылымпыйæ дугъы ацæуын, уыимæ, хæххон уавæрты. Куыд цæттæ кодта йæхи турнирмæ, уыцы сусæгдзинæдтæ раргом кодта не сфæлдыстадон къордæн. Ныхасы бар Гуытъиаты Алинæйæн.

Æнæниз цардыуаг, Кавказы æрдзы алæмæты нывтæ æмæ хи бафæлварын ног уавæрты. Уый тыххæй æрбамбыд сты Раззагэльбрусмæ трайл спортментæ æппæт дунейæ. Ам архайдзысты æппæтадæмон турниры хæххон згъордæй. Хæххон уæлдæфон уавæрты спортсментæ згъорынц дæргъвæтин дистанцæтæ. Се хсæн ис æхсай иуаздзыд атлет Гаджиты Автандил. Кæд ацæргæ кары адæймагыл нымад у, уæддæр цыппор æхсæз километры ацыдис фараст сахаты æмæ фæндзай минутмæ. Уый у турниры æппæты хуыздæр бæрæггæнæн.

Ацы азы турниры архайдтой астсæдæ адæймаджы. Нæ республикæйæ дзы Автандилæй уæлдай уыдис дыууæ спортсмены. Фыццаг иртæстытæ сæдæ фараст километрæн цыппор авдаздзыд Абысалты Анатолий æмæ Хъазиаты Эльбрус ацыдысты дыууын фондз сахатмæ æмæ бацахстой æртыккаг бынат. Кæд дистанци се нцонтæй нæ уыдис, уæддæр ницæмæй стыхстысты — зæгъынц спортсментæ. Сæ размæ цас егъаудæр цæлхдуртæ ис, уыййас сæ фæндаг кæны цымыдисдæр.

Æнæ тренировкæтæй сæ къухы ницы бафтдзæн, зæгъынц спортсментæ. Фæлæ алцæмæн дæр бæрц зонын хъæуы. Хæххон бæрзæндтæ басгарыны размæ хъæуы бирæ азты хи фæлтæрын. Абысалты Анатолий куыд радзырдта, афтæмæй афæдз æмæ æрдæг архайдта, цæмæй йæ зæрдæ æрцахуыр уа дæргъвæтин згъордыл. Уымæй хицæн кæны трей ранинг хуымæтæг згъорынæй.

23 сентябры Гаджиты Автандилæмæ Абысалты Анатолий архайдзысты ног ерысты. Маршрут райдайдзæнис Мæцутæйæ æмæ фæуыдзæнис Мæхъæлы. Спортсментæ зæрдæ æвæрынц — ацы хатт уæлахиз æнæмæнгæй сæ къухы кæй бафтдзæн, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania