филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:54 пятница, 19 апреля 2024
06 октября 2020, 13:30
Хъæууон хæдзарады рæзтыл ныхас цыд проектон офисы радон æмбырды

Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав

Хъæууон хæдзарады рæзтыл ныхас цыд проектон офисы радон æмбырды. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Æмбырды хатдзæгтæ скодтой нысанмæ арæзт программæтæн, стæй снысан кодтой фидæнмæ фыццаградон хæстæ.

Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег радзырдта цалдæр программæйы хатдзæгты, стæй сын цавæр фидæн ис, уый тыххæй. Дыргъ дарыны къабазы хъæууон хæдзарады министрады специалисттæ фæнд кæнынц италиаг технологитæ ныффидар кæнын. 

Программæйы архайыны фадат ис 110 хæдзарадæн. Уæдæ ведомствойы стыр æргом аздæхтой халсартæ дарынмæ дæр. Ам ныхас цæуы æхгæд хъæрмуæттæ аразыныл. 2021-æм азы нысан кæнынц 20 конструкцийы байуарын. Алкæмæн дæр йæ фæзуат уыдзæн 600 квадратон метры. Проект царды рауадзынæн хъæуы 43 милуан сомы. Маргъдарæн къабазы та фадат ис инкубатортæ самал кæнынæн. Ацы хъуыддагæн фæрæзты бæрц у 15 милуан сомæй фылдæр.

Битарты Вячеслав бабар кодта æппæт хъуыддæгтыл бакусын, алы проект царды рауадзыны тыххæй. Республикæйы Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, æппынæдзухдæр хъæуы специалисттимæ æмгуыстад кæнын. Уый фадат ратдзæн фæрæзтæ ахадгæйæ спайда кæнынæн. Ахæм фæлтæрддзинад бацамыдтой фосдарынады къабазæн дæр.

Уазиты Хъазыбег радзырдта хæххон территориты рæзты программæйы тыххæй дæр. 3 азмæ схардз кодтой 194 милуан сомы. Фосдарынады къабазы фæзынди 5 кооперативы æмæ æхсыры куыстгæнæг завод. Æнтыстджынæй кусынц 3 бинонты фермæйы, 11 райдайгæ фермерон хæдзарады, мыды куыстгæнæг, 2 куыстуаты. Хæххон районты раппæлинаг у хизæнуæтты архайд дæр. Æмтгæй райсгæйæ, программæ æххæст кæнгæйæ, фæзындысты ног проекттæ.

Экономикон рæзты министр радзырдта, раздæр кæй сфидар кодтой, уыцы фæндаггон картæйыл чи нæ фæбæрæг уыдзæн, ахæм ивддзинæдты тыххæй. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ ахсджиаг у бæлвырд пъланмæ гæсгæ кусын. Уый фадат ратдзæн хæстæгдæр бюджетон афæдзмæ æнтыстджынæй бахизынæн. 

Регионалон программæ «Мæгуырдзинадимæ тох»-ы радон къæпхæны тыххæй бæстон доклад скодта Хуыбаты Барис. Ныртæккæ куыст цæуы муниципалитеттимæ. Æмбырды ма ныхас цыд туризмы рæзтыл. Комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбег куыд радзырдта, афтæмæй ахсджиаг у Цæгат Ирыстоны альпинизм сног кæнын. Ацы къабазы минæвæрттимæ уыд фембæлд, æмæ дзы снысан кодтой сæйраг хæстæ, æмæ сбæлвырд кодтой маршрут. Хъæуы ма фæндаджы фарста алыг кæнын.

Битарты Вячеслав бабар кодта фæндæгты цур сервисы проектты тыххæй бынæттон цæрджытæн хъусын кæнын, æмæ проекттæ, куыд æмбæлы, афтæ царды уадзын. Уый, фыццаджыдæр, хауы, сæйраг туристон маршруттæ кæуыл цæуынц, уыцы цæрæн бынæттæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania